филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:37 понедельник, 08 июля 2024
29 августа 2014, 11:07
Федералон программæ «Мадæлон капитал» цæуы æххæстгонд

Федералон программæ «Мадæлон капитал» фидаргонд æрцыд 2007-æм азы. Йæ нысан у дыккаг, æртыккаг кæнæ фылдæр сывæллæттæ цы бинонты райгуырд, уыдонæн æххуыс кæнын.

73966

Федералон программæ «Мадæлон капитал» фидаргонд æрцыд 2007-æм азы. Йæ нысан у дыккаг, æртыккаг кæнæ фылдæр сывæллæттæ цы бинонты райгуырд, уыдонæн æххуыс кæнын. Сабийыл 3 азы куы сæххæст вæййы, уæд сын паддзахад ратты сæрмагонд сертификат. Абон йæ бæрц у 400 мин сомæй фылдæр. Уыцы æхцайæ ис алы хуызы спайда кæнæн.
Сиукъаты Тимур у Бауманы номыл Мæскуыйаг паддзахадон техникон университеты студент. Ахуыр кæны коммерцион хайады. Йæ мад Еленæ куыд зæгъы, афтæмæй бæстæйы хуыздæр ахуыргæнæндæттæй иуы зонындзинæдтæ исын аслам хъуыддаг нæу. Афæдзмæ бафидын фæхъæуы 200 мин сомы. 6 адæймаджы кæм ис, ахæм бинонтæн уыдон чысыл фæрæзтæ не сты. Уымæ гæсгæ Еленæ сфæнд кодта, йæ кæстæр фырт Костяйы тыххæй йын цы мадæлон капитал æмбæлы, уый æхцайæ спайда кæнын. Ацы хуызы паддзахадон æххуысы бæрц у 400 мин сомæй фылдæр. Уымæ гæсгæ бинонты 2 азы ахуырадæн фидын нæ хъæудзæн.
Сиукъаты Еленæ: «Гæххæттытæ пенсион фондмæ бахастон. Загътой мын, куы нæ сразы уой, уæд мын къуырийы æмгъуыдмæ фехъусын кæндзысты, цæмæй нæхæдæг исты амал кæнæм. Фæлæ нæм уыцы рæстæгмæ ничи æрбадзырдта. Æрæджы та нæм пенсион фондæй фыстæг æрбацыд, нæ фарста лыггонд кæй æрцыдис, уый тыххæй. Тынг цин кодтам».
Абоны онг мадæлон капиталы фæрæзтæй йæ сывæллоны ахуырад бафидынæн Цæгат Ирыстоны спайда кодтой 175 бинонтæ. Уыцы хъуыддагæн пенсион фонды республикон хайады радих кодтой 12 милуан сомæй фылдæр.
Мадæлон капиталы фæрцы бафидын ис сывæллоны ахуырад рæвдауæндоны, скъолайы кæнæ уæлдæр ахуыргæнæндоны. Æрмæст хъуамæ уагдонмæ ахæм лæггæдтæ æххæст кæнынæн лицензи уа. Сывæллоныл та 25 азæй фылдæр ма цæуа. Иу ахсджиаг домæн ма у уый, æмæ ахуыргæнæндон хъуамæ уа Уæрæсейы Федерацийы территорийыл.
Уæвгæ мадæлон капиталæй спайда кæнын ис 3 хуызы – цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, фæллойадон пенсийы бæрц фæфылдæр кæнынæн æмæ сывæллоны ахуырад бафидынæн.
Толпарты Анастасия, Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæйы сæйраг специалист: «Мадæлон капиталы фæрæзтæ ис адих кæнын. Ома, сын сæ иу хайæ сывæллоны ахуырад бафидын, иннæмæй та спайда кæнын пенсийы бæрц фæфылдæр кæнынæн. Бинонтæ куыд сфæнд кæной, уымæ гæсгæ».
Федералон программæ «Мадæлон капитал» бæстæйы архайы 2007-æм азæй фæстæмæ. Уыцы рæстæгмæ республикæйы сертификаттæ райстой 36 мин бинонты бæрц.
Хъайтмазты Дзерассæ
 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania