филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:14 суббота, 31 января 2026
24 мая 2022, 11:16
Федералон программæ æххæст кæнгæйæ, Æрæфы районы бындуронæй сцалцæг кæндзысты 4 скъолайы

Æппæт ахуыргæнæндæттæ цалцæггæнинаг рагæй уыдысты

Федералон программæ æххæст кæнгæйæ, Æрæфы районы бындуронæй сцалцæг кæндзысты 4 скъолайы. Æппæт ахуыргæнæндæттæ цалцæггæнинаг рагæй уыдысты. Бындурон куыстытæй дарддæр ма объекттæ сифтонг кæндзысты æмбæлгæ кусæнгæрзтæй дæр. Цалцæг фæуынмæ хъавынц октябры. Объектты ныртæккæйы уавæры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.
Цалдæр къурийы размæ дæр ма ацы кабинетты фæйнæджы цур скъоладзаутæ дзуапп лæвæрдтой, фыстой диктанттæ. Ныр та дзы уæгъд бæстыхæйттæ æмæ афтид фæрстимæ. Фæлæ скъолайы директор ацы цауыл æнкъард нæ кæны, йæ зæрдæ рухс кæны, цалцæггæнæн куыстыты цыдмæ кæсгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уагдоны 40 азæй хæстæг ноггонд ницы æрцыд. Цыколайы 3-æм скъолайы ахуыр кæны 311 ахуырдзауы. Сæ уавæртæ бæллиццаг кæд нæ уыдысты, уæддæр зæрдиагæй куыст цыд сывæллæтты зондахаст фылдæр кæныныл.

Ахуырадон уагдоны фарон цалцæггонд æрцыд спортивон зал. Ныр та федералон программæйы фæрцы куыст æрцæудзæн иннæ бæстыхæйтты дæр. Ивд дзы æрцæудзысты æппæт коммуникацитæ дæр, стæй æддаг фæрстæ. Ныртæккæ дзы цæуынц фыццаградон куыстытæ. Архайы дзы 16 адæймаджы. Подрядон организацийы минæвары ныхæстæм гæсгæ объект зын нæу.

Майы райдианы капиталон цалцæг кæнын райдыдтой Æхсæрисæры скъола. 1980-æм азæй дзы конд цыд косметикон цалцæг. Раздæр та сног кодтой спортивон зал æмæ хæрæндон. Æрæджы та ма скъолайы сарæзтой рæвдауæндон дæр. Æдæппæтæй 35 скъоладзауы æма 11 сывæллоны та цæуынц рæвдауæндонæмæ. Куыстытæ конд цæуынц æмгъудмæ гæсгæ.

Æрæфы районы æдæппæтæй бындурон цалцæггонд хъуамæ æрцæуа 4 скъолайы. Цыкола æмæ Æхсæрысæрæй уæлдай ма сæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты Быдыры Дæргъæвсы æмæ Советскæйы поселочы ахуыргæнæндæттæн. Цалцæгæй уæлдай ма дзы ноггонд æрцæудзысты сæ кусæнгæрзтæ. Хардзгонд сыл æрцæудзæн 137 милуан сомы.

Скъолаты капиталон цалцæг кæд майы райдыдта, уæддæр ахуырадон процесс не рлæууыд. Районы профилон управленийы уыцы фарста лыггонд æрцыд. Скъоладзаутæн зонындзинæдтæ лæвæрд цæуы хæстæгдæр скъолаты дыккаг фæлтæры ахуыр кæнгæйæ. Сагъæсгонд æрцыд сывæллæтты æдасæй скъоламæ ласыны хъуыддагыл дæр.

Дыккаг фæлтæры чи ахуыр кæны уыцы сывæллæтты бон у скъолайы бахæрын дæр. Зындзинад æййæфтой, уæлæмхасæн секцитæм цæуынæн сын рæстæг кæй нал ис, уымæй. Фæлæ ахуыры аз кæронмæ фæхæццæ, ныр ног ахуыры аз сæ уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, ууыл æууæндгæйæ сæ рæстæг æрвитынц.

Æрæфы районы æдæппæтæй ис 12 скъолайы. Сæ иу хай цалцæггонд æрцыд раздæры азты, ацы аз та ма ноггонд æрцæудзæн 4. Иннæ аз дæр фæнд кæнынц уал ахуыргæнæндоны барæвдз кæнын. Афтæмæй районы æппæт уагдæттæ дæр хъуамæ цалцæггонд æрцæуой, фæзына дзы нырыккон уавæртæ æмæ гæнæнтæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ дыууæ азмæ федералон программæйы фæлгæты республикæйы цалцæггонд кæй æрцыд 63 скъолайы. Уыцы нысантæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыд 3 миллиарды æмæ 729 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania