23 апреля 2014, 16:43
Федералон телекоммуникацион тыгъдады Цæгат Ирыстон ахсы раззагдæр бынæттæй иу
Уый тыххæй журналисттæн абон фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Леонид Кесельбренер. Бастдзинады æмæ дзыллон коммуникациты федералон министрады бæрæггæнæнæтæм
Уый тыххæй журналисттæн абон фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Леонид Кесельбренер. Бастдзинады æмæ дзыллон коммуникациты федералон министрады бæрæггæнæнæтæм гæсгæ, нæ республикæ Цæгат Кавказы фыццаг у «электрон хицауад»-ы программæ царды рауадзыны хъуыддаджы. Ныридæгæн электрон хуызы кусынц 161 лæггады æмæ хаст сты иумæйаг федералон порталмæ. Æмбырды дзырдтой, районты нымæцон телеуынынадæй къулымпытимæ кæй пайда кæнынц, уый тыххæй дæр. Уый баст у, республикæйы сæрмагонгд инфраструктурæ кæй нæй, уыимæ. Нырма уал цæрджытæн сæ бон спайда кæнын у нымæцон приемниктæй. Леонид Кесельбренер фæсидт районты сæргълæуджытæм, цæмæй сæ балхæной, йæ къух кæмæн нæ амоны, уыцы цæрджытæн, стæй бирæсывæллонджын бинонтæн. Уыцы акцийы фарс рахæцыдысты Мæздæджы æмæ Æрæфы районтæ.
темæмæ гæсгæ




