филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:21 воскресенье, 23 июня 2024
07 июня 2024, 13:06
Федералон территори «Сириус»-ы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон фестиваль «Гимнастикæйы лигæ-2024»

Дзæуджыхъæуы кад дзы хъахъхъæдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты секцийы минæвæрттæ

Федералон территори «Сириус»-ы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон фестиваль «Гимнастикæйы лигæ-2024».  Архайдтой дзы 650 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы 35 горæтæй. Дзæуджыхъæуы кад дзы хъахъхъæдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты секцийы минæвæрттæ. Ерыс кодтой æвзонг спортсменты разряды. Цавæр цæттæдзинад равдыстой, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сæ мидбылхудт æмæ сæ цæстытæ цæхæртæ кæй калынц, уымæй бамбарæн ис, ацы спортсментыл 7-гай азтæ йеддæмæ кæй нæ цæуы, уый. Залы сывæллæттæ нал вæййынц. Ам сты, сæ куысты фæрцы уæлдæр къæпхæнтæм чи тырны, ахæм атлеттæ. Гуыбаты Алан у æппæты кæстæр. Цæуы йыл æрмæстдæр 6 азы, фæлæ йæхиуыл куыд æнæвгъæуæй кусы, уый ма фæлтæрдджын тренерты дæр дисы фтауы. Зæгъæм, Уæрæсейы фестивалы спортивон гимнастикæйы «Лига гимнастики-2024», йæхи тынг хорз равдыста. Алан рамбылдта йæ фыццаг хæрзиуæг – сси чемпион командон хыгъды.

Аланы хуызæн хорз æнтыстдзинæдтæ сæ къухы бафтыд дыууæ æфсымæрæн иу бæллицимæ – схизын спортивон Олимпы бæрзæндтæм. Демурчиевты фаззæттæ Сократ æмæ Стефан сты нæ иумæйаг командæйы хæуыздæртæ.  Спортивон фæлтæрæнтæ уыдонæн хуымæтæг хæбæрттæ не сты, хæстæгдæр сæ кæнынц сæ бæллицмæ.Стефан æрмæст командон хыгъды нæ фесгуыхти. Рамбылдта хибарæй дæр.

Ацы лæппутæ æрмæст хъаруджын не сты. Удыхъæдæй сты ныфсджын. Сæхи, бахъуаджы сахат, тренертæ Карэн æмæ Феодосия Данилянц сæ куыд ахуыр кæнынц, афтæ цæттæгондæй равдисынц. Уыдоны разамындæй нæ республикæйы сывæллæтты иугонд командæ 15 азы дæргъы фыццаг хатт рамбылдта сызгъæрин майдантæ. Ирыстоны кад ацы турниры хъахъхъæдтой дыууæ командæйы.

Ацы спорты хуызмæ æрбакæнынц сабиты, цæмæй буарæй уой æнæниз, удыхъæдæй та ныфсджын. Гимнастикæ  сывæллæттæн байгом кæны фæндаг спортивон бæрзæндтæм.

Ирыстоны спортивон гимнастикæ рахызти уæлдæр къæпхæнмæ, кæд цыфæнды зындзинæдтæ бавзæрста, уæддæр. Цæгатирыстойнаг гимнастты нæмттæ базыдтой æнæхъæн бæстæйы. Ацы гыццыл лæппутæ ма иу хатт ирдæй равдыстой, нæ республикæ хъæздыг кæй у курдиатджын фæсивæдæй,  Ирыстоны зæхх æдзухдæр кæй гуырын кæны фидæны чемпионты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania