филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:11 воскресенье, 28 апреля 2024
14 февраля 2013, 11:06
Федералон закъонмæ гæсгæ УФ-йы цæрæн-коммуналон хæдзарады реформæ куы райдыдта, уæдæй абонмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæм ис бирæ фарстатæ

Сæ фылддæр баст сты коммуналон лæггæдтæ æмæ сæ фиддонтимæ. Чи цæмæн дæтты дзуапп? Цæмæн цас фидын хъæуы? Цы бартæ ис бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæм? Ацы фарстатæн дзуапп раттыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Сæ фылддæр баст сты коммуналон лæггæдтæ æмæ сæ фиддонтимæ. Чи цæмæн дæтты дзуапп? Цæмæн цас фидын хъæуы? Цы бартæ ис бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæм? Ацы фарстатæн дзуапп раттыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Нуазыны дон цæуы змисимæ, цыфрæгътæ, рухсытæ куыд æмбæлы, афтæ нæ судзынц, цар – æрдæгкæлдтытæ, къултæ згъæлынц… Ацы нывтæ Ирыстойнаг уынджы 31-æм хæдзары цæрджытæ рагæй уынынц. Сæ уавæрæй разы не сты, фæлæ сæм хъусæг нæй. 6 азы тох кæнынц сæ хæдзарæн разамынддæттæг компаниимæ, фæлæ хъусынц æрмæстдæр хус ныхæстæ.

Хæдзарыл цæуы 50 азæй фылдæр. Йæ цар сыхырнайы хуызæн сси, æмæ къæвда бон 5-æм уæладзыджы цæрджытæ нал фембарынц – уынджы сты æви хæдзары, уый. Фыруымæлæй фатерты къултæ æмæ цартæ хъуынайы бын фесты.

Гайты Тамарæ, хæдзары цæрæг: «Мæнæ фыццаг подъездæй, дыккаг подъездæй. Мидæмæ сæм бацæуæн нæй. Ау ардæм куы æрбацæуынц, уæд сæ мидæмæ ничи бакæсы. Фæлæ хца фидыры рæстæг куы вæййы, уæд алчидæр йæ капекк агуры. Афоныл æй куы нæ бафидай, уæд дæр æрбадзурдзысты пеня зæгъгæ. Фæлæ махæн афоныл куы нæ скæнынц, уæд сæм ничи бадзуры кæй нæ бафыстат, уый тыххæй мА ноджыдæр исты скæнут зæгъгæ».

Хъастгæнджытæ сæ цæрæн-коммуналон хæдзарадмæ къахихсыд баисты, цæуынц – фæлæ сæ ничи ницæмæ дары. Куыд сын æмбарын кæнынц, афтæмæй сæ бон нæу хæдзармæ базилын, уымæн æмæ сын сæ лæггæдтæн цæрджытæй фиды æрмæстдæр 60 %. Сæ разамынддæттæг компанийы сæйраг инженер Саутæты Æхсары ныххæстæм гæсгæ, цæрджытæ куыд фидынц, афтæ зилынц хæдзармæ дæр. Фиддонтæ та бирæ фаг нæ кæнынц.

Финансон фарстатимæ, растдæр зæгъгæйæ та, зындзинæдтимæ æмбылынц бирæ разамынддæттæг компанитæ. Фæлæ кæцыдæртæ, рагацау бацархайдтой сæ куыст банывыл кæныныл. Дæнцæгæн, хи куыстуат «Эталон» ныр 3 азы дæргъы нæ фæбæрзонддæр кодта техникон лæггæдтæн фиддонтæ.

Иван Ушаридзе, разамынддæттæг компани «Эталон»-ы генералон директор: «Æппæты фыццаг мах базылдыстæм бæстыхæйттæм, банывыл кодтам коммуникацитæ. Сæвæрдтам нымайæн прибортæ. Цæмæй дзæгъæлфыст мацæмæн кæнæм, уый тыххæй. Æмæ нæ фиддонтæ фæкъаддæр сты, нæхæдæг цы нæ схардз кодтам, уымæн нæ фидæм. Ныр рагацау кæмæ базылдыстæм, уыцы бæстыхæйттæ сты дзæбæх æмæ сын уæлдай фидын дæр нæ хъæуы. Æрмæстдæр сæм цæст дарæм æмæ исты аиппдзинæдтæ куы фæзынынц, уæд сæ афоныл аиуварс кæнæм».

Дзæуджыхъæуы администрацийы хъуыдымæ гæсгæ та æппæт куыстытæ дæр хъуамæ разамынддæттæг компанитæ кæной, хæдзары цæрджытæ цас фидынц, уый нæ хынцгæйæ.

Гуыбаты Омар, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады сæйраг специалист: «Горæты хиуынаффæйады администраци æркæсдзыстæм уыцы фарстамæ. Фæлæ цæрджытæм дæр ис иу фарста. Цæмæй уыдоныл цы хæстæ ис уыдон дæр æххæст кæной. 60 % бафыстой. Уый æвзæр нæу. Фæлæ ноджы фылдæр куы уа, уæд ноджы фылдæр хæстæ уыдзæнис управляющий компанимæ æмæ сæ мах дæр домдзыстæм фылдæр уыцы компанитæй».

Цæрæн-коммуналон хæдзарады цы ивддзинæдтæ æрцыди, уыдоныл адæм нæма сахуыр сты. Нырæй фæстæмæ цæрджытæ æмбалад саразой, кæнæ разамынддæттæг компани равзарой, уæддæр йæ хæдзарæн алчидæр йæхæдæг дæтты дзуапп. Хæдзары цы электрон тых, газ æмæ дон схардз кæной, уыдонæн дæр фидын хъæуы сæхи.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania