У 2017-æм азы ист киноныв «Притяжение»-йы дарддæры истории
Федор Бондарчукы ист киноныв «Вторжение» у фыццаг 2020-æм азы Уæрæсейы кинопрокатты чи рацыд, уыдонæй. У 2017-æм азы ист киноныв «Притяжение»-йы дарддæры истории. Сюжетмæ гæсгæ мæскуыйаг Юлия Лебедева хъуамæ сразы уа йæ хъысмæтимæ, цæмæй йыл сæрмагонд лабораторийы аразой фæлварæнтæ. Афтæмæй та чызг у иунæг адæймаг, космосæй æрцæуæгимæ иу æвзаг чи ссардта, ахæм. Йæ æгæрон тыхтæ та тыхсын кæнынц, куыд зæххы цæрджыты, афтæ космосы. Нæ планетæйæн у тæссаг æнæхуынд уазджытæй æмæ цæмæй æндæр тыхтимæ тохы рамбулой, уый тыххæй та сæйраг хъайтарты хъæуы сæ адæймаджы æууæлтæ ма фесафын. Уымæн та ахъаз сты уарзондзинад, иузæрдиондзинад æмæ æууæнк, уыдон æндæр планетæйы технологитæй сты тыхджындæр.




