филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:53 воскресенье, 01 февраля 2026
06 января 2023, 17:00
Фельдъегерон службæйы кусджытæ æрвылбон хæццæ кæнынц фыстæджытæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ

Бинонтæн сæ сæ бон арвитæн у Уæрæсейы Почтæйы цавæрфæнды хайадæй дæр.

Æфсæддонтæн æмæ сæ хæстæджытæн кæрæдзиимæ цæмæй бастдзинад уа, уымæн фæзындис æнцонвадатдæр гæнæн. Фельдъегерон службæйы кусджытæ æрвылбон хæццæ кæнынц фыстæджытæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Бинонтæн сæ сæ бон арвитæн у Уæрæсейы Почтæйы цавæрфæнды хайадæй дæр.

Виктория æфсæддон комиссарадмæ æрбацыд, цæмæй йæ цардæмбал кæм службæ кæны, уыцы хайады адрис базона. Нæлгоймаг цалдæр мæйы ис сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Стæм хатт ын бинонтимæ цы бастдзинад вæййы, уый æдас нæу. Уымæ гæсгæ Викторияйы бафæндыд æцæг фыстæг арвитын.

Викторияйы цардæмбал фронтмæ ацыд мобилизацийы рæстæг. Куыд зæгъы, афтæмæй уый йæ хæсыл банымадта.

Хæстонты тыххæй информаци дæттынц æрмæст сæ хæстæджытæн – ныййарджытæн æмæ бинойнæгтæн.

Комиссарады кусджытæ æфсæддон хайады номер уайтагъд радтынц. Фыстæг арвитæн ис Уæрæсейы Почтæйы цавæрфæнды хайадæй дæр. Хæстонтæм сæ комкоммæ бахæццæ кæны фельдъегерон службæйы минæвар.

Фыстæджытæй уæлдай ма хæстæджытæн сæ бон у æрвиттæгтæ сцæттæ кæнын. Фельдъегерон службæ кусы мæйы бæрц. Сæдæгай хæстонтæ райстой æхсызгон фыстæджытæ. Æфсæддонтæн дæр ис, ахæм хуызы сæхимæ хъарм салам арвитыны фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania