филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:00 суббота, 31 января 2026
25 сентября 2025, 10:36
«Фермеры скъола» та йæ дуæрттæ байгом кодта студенттæн Хæххон паддзахадон аграрон университеты

Уый у проекты æртыккаг рад,  ацы аз та дыккаг

«Фермеры скъола» та йæ дуæрттæ байгом кодта студенттæн Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Уый у проекты æртыккаг рад,  ацы аз та дыккаг. Ацы хатт æвзæрст æрцыд 30 архайæджы. Уыдонæй 11 сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонты уæнгтæ. Ахуыр кæндзысты 2 мæйы æмæ *рдæг, куыд хæххон аграрон университеты, афтæ куыстуæтты бындурыл дæр. Зонындзинæдтæ райсдзысты 2 къабазмæ гæсгæ: «Фермерон хæдзарад саразын» æмæ «Фермерон кæсагдарæн». Æртыккаг сезон гом кæныны мадзалы архайджытæн сæ бон уыд ацаходын раздæры  рауагъдонты продукцийæ. Куыд раздæры азты, афтæ ныр дæр проект æххæстгонд цæуы Уæрæсейы банктæй иуы æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania