филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:20 воскресенье, 06 июля 2025
26 июня 2019, 17:25
Фестиваль «Нæртон хъæзтытæ» абон Октябрьскæйы æрæмбырд кодта республикæйы æппæт районты минæвæртты

Фæсивæд сæхи фæлвæрдтой фат æмæ æрдынæй æхсынæй, рæттыл хъæбысхæстæй, уæзæгтæ исынæй.

Фестиваль «Нæртон хъæзтытæ» абон Октябрьскæйы æрæмбырд кодта республикæйы æппæт районты минæвæртты.
Фæсивæд сæхи фæлвæрдтой фат æмæ æрдынæй æхсынæй, рæттыл хъæбысхæстæй, уæзæгтæ исынæй. Ерысты фæрцы сбæрæг кæндзысты æппæтæй ныфсхастдæр æмæ тыхджындæрты. Нæртон хъæзтытæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, афæдзæй-афæдзмæ ерысты архайджыты нымæц рæзы. Уымæн æмæ æрыгæтты фæнды сæ хъарутæ бафæлварын рагон ирон традицион хъæзтыты. Фестиваль иу кæны хъæппæрисджын фæсивæды. Уыимæ хорзырдæм ахады нæ хъæздыг культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныныл. Фестивалы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхгонд æрцæудзысты кубоктæй, майдантæй æмæ кады гæххæттытæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania