филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:37 вторник, 24 июня 2025
03 декабря 2013, 11:26
Фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй» 6-æм хатт райдыдта Дзæуджыхъæуы

«Сценæ æнæ арæнтæй». Дзæуджыхъæуы ныр 6-æм хатт райдыдта национ театрты æппæтадæмон фестиваль. Баст у Советон цæдисы адæмон артист, театралон режиссер, актеры дæсныйад

Фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй» 6-æм хатт райдыдта Дзæуджыхъæуы
«Сценæ æнæ арæнтæй». Дзæуджыхъæуы ныр 6-æм хатт райдыдта национ театрты æппæтадæмон фестиваль. Баст у Советон цæдисы адæмон артист, театралон режиссер, актеры дæсныйад амоныны системæйы бындурæвæрæг, зындгонд актер Константин Станиславскийы райгуырды 150 азимæ. Фестиваль байгом кодта Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театр, спектакль «Ромео æмæ Джульеттæ»-йæ.

Национ театрты 6-æм æппæтадæмон фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй» та ногæй цæуы Дзæуджыхъæуы. Ацы цаумæ æппæт аивадуарзджытæ дæр æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц. Кадджын уавæры театрты ерысæн фæндаг байгом кодтой Цæгат Ирыстоны культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ, Ирон театры аивадон разамонæг Гуыбиаты Хъазыбег, стæй фестивалы жюрийы сæрдар.

Сæлбиты Аким, режиссер, национ театрты 6-æм æппæтадæмон фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй»-йы жюрийы сæрдар: «Фестивальмæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй дзы ног рæсугъд равдыстытæ уа. Кæд дзы уыдзæнис ахæм равдыстытæ, уæд мах ратдзыстæм уыдонæн цы аргъ кæнынц, уый. Райдыдта та йæ нæ театр, уымæн æмæ адон уазджытæ сты, æмæ мах хъуамæ райдайæм. Фыццаг чи вæййы, уыдонæн зын вæййы, фæлæ мах тетрæн зын нæу».

Цæгат Ирыстоны аивадуарзджытæн æмæ республикæмæ уазæгуаты цы артисттæ æрцыд, уыдонæн Ирон театры фойейы арæзт æрцыд равдыст.

Уæлæдарæсы эскизтæ, декорациты макеттæ, спектакльтæй хуызистытæ. Ам æвдыст æрцыд Цæгат Ирыстоны театралон аивады истори. Се ппæт экспонаттæ дæр ист æрцыдысты театралон музейы фондæй».

Фестивалы программæйы ис 12 спектаклы. Респуликæмæ ссыдысты национ театртæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Мæхъæлæй, Дагестанæй, Кæсæг-Балхъарæй, Адыгейæ, Цæцæнæй, стæй фестивалы уазджытæ – Мæскуыйы киноактеры паддзахадон театр. Нæ республикæйæ фестивалы архайы Дыгурон драмон театр æмæ Ирон театр. Фестиваль та байгом кодта спектакль «Ромео æмæ Джульеттæ». Спектаклы режиссер у Дзуццаты Тамерлан.

Дзуццаты Тамерлан, режиссер: «Чи æрхуыдта ардæм уазджыты, уый йæхæдæг хъуамæ равдиса ахæм спектакль, цæмæй зæгъой æмæ зæгъа йæхæдæг дæр, ацы фестивальмæ хъуамæ хæсса æрмæст уыцы куыстытæ, кæцытæй зæгъæн ис, æмæ театр рæзы. Æмæ ахæм куыстытæ хъуамæ цæуой ацы фестивалы. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы хъуыдымæ æрыхъуыстой иууылдæр, уымæн æмæ алы къорды дæр фæнды, цæмæй йæ хуыздæр спектакль равдиса æмæ зæгъа, мæнæ мах иу къæпхæн уæлдæр фестæм æмæ сырæзтызтæм».

Уæвгæ Шекспиры «Ромео æмæ Джульеттæ» Ирон театры æвæрд æрцыд ныр дыккаг хатт. Фыццаг хатт æй ирон аивадуарзджытæ федтой 40 азы размæ. Фæлæ рæстæгимæ спектакль йæ ахадындзинад нæ сафы. Джульеттæйы сурæт дзы сарæзта æрыгон актрисæ Моргуаты Камиллæ, Ромеойы ролы та ахъазыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Уалыты Гиви.

Уалыты Гиви, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист: «Мах ныртæккæ цы стæм, æмæ мах ныртæккæ цы кусæм, уый гыццыл у. мах разæй чи куыста, уыдоныл хъуыды кæнын хъæуы, æмæ уыдоны ном дæлдæр уадзæн нæй, уыдоны ном уæлдæр исын хъæуы. Æмæ ардæм кæд æппæт Кавказ æрцыд, уæд махыл стыр хæс æвæрд ис».

Фестиваль цæудзæн 6 декабрмæ. Абон театралон форумы программæйы ис дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Аивадуарзджытæ ма фендзысты Цæцæны паддзахадон драмон æмæ фæсивæдон театрты спектакльтæ, стæй Хъалмыхъы национ драмон театры спектакль.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania