18 июня 2014, 17:28
Фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ»-йы архайджытæ æрымысыдысты зындгонд ирон композитор, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, дирижер æмæ хоры къордты разамонæг Ачеты Аркадийы рухс ном
Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 90 азы. 20 азы та рацыд, йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй нырмæ, фæлæ йæ ном цæры, ирон аивадæн стыр аргъ чи кæны,уыдоны зæрдæты.
Фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ»-йы архайджытæ æрымысыдысты зындгонд ирон композитор, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, дирижер æмæ хоры къордты разамонæг Ачеты Аркадийы рухс ном. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 90 азы. 20 азы та рацыд, йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй нырмæ, фæлæ йæ ном цæры, ирон аивадæн стыр аргъ чи кæны,уыдоны зæрдæты.
Музыкæ йæ царды сæйраг хъуыддаг. Зæгъынц, Ачеты Аркадийы чи зыдта, уыцы адæм. Фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ»-йы архайджытæ рæсугъд музыкалон бæрæгбонæй æрымысыдысты зындгонд ирон композитор, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, дирижер æмæ хорты къордты разамонæг Ачеты Аркадийы рухс ном. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 90 азы. Фестивалы зæлыдысты Мариинаг театры камерон хор, Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы хор, Цæгат Ирыстоны педагогон институты нæлгоймæгты хор, Чайковскийы номыл сывæллæтты музыкалон скъола «Бонвæрнон»-ы æмæ оперæ æмæ балеты симфонион оркестры хъæлæстæ.
Ачеты Аркадийы сфæлдыстадон цард райдыдта, уæззау хæстон фæндæгты фæстæ. Хæстфæллад 27 аздзыд лæппу ахуыр кæнынмæ бацыд нæ горæты музыкалон училищæмæ æмæ йæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис, уый фæстæ та сæххæст йæ царды стырдæр бæллиц, сси Мæскуыйы Чайковскийы номыл паддзахадон консерваторийы студент. Фæстæдæр-иу Ачеты Аркадий кæм куыста, уым-иу ныууагъта рæсугъд фæд. Нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы зындгонд артисттæй тæ бирæтæ сты йæ ахуырдзаутæ.
Туаты Владимир, УФ-йы сгуыхт артист, Ачеты Аркадийы ахуырдзау: «Йæ къухæй рацыдысты хорз кæстæр фæлтæр, Дзанайты Ольгæ, Елена Хауцтова, Туаты Владимир, Мамыхъоты Людæ, Калоты Георгий, Шанайты Галинæ. Уæрæсейы горæтты бирæ ис Ачеты Аркадиæ чи фæцис ахуыр, ахæмтæ»
Ачеты Аркадий музыкæ ныфыста зындгонд поэтты уацмыстæм. Абон дæр зæлынц «Гимн Ирыстонæн», «Ароматная ночь», «Белая береза». Йæ амæлæты размæ та Къостайы æмдзæвгæтæм гæсгæ бакуыста концертон программæйыл – «Зæрдæргомгæнæн ныхас». Баиу дзы кодта оркестр, хор, солистты æмæ æмдзæвгæтæ дæсны чи кæсы уыдон
Хуырымты Аллæ, 13-æм скъолайы ахуыргæнæг: «Ачеты Аркадий, уыд стыр адæймаг, уæрæх зæрдæйы хицау, дæсны музыкант. Ленинграды йæ къордимæ концерт лæвæрдта æмæ адæм кæрæдзийы фарстой, чи сты, зæгъгæ. Ахæм дæсны музыкант уыд Ачеты Аркадий»
20 азы рацыд Ачеты Аркадий йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй, фæлæ йæ ном цæры йæ ахуырдзауты æмæ хæлæртты, ирон аивадæн стыр аргъ чи кæны,уыдоны зæрдæты. Йе ‘рдхорд Хуытьинаты Руслан абон дæр цæстыгагуйау хъахъхъæны зындгонд музыкантимæ баст æрмæджытæ.
Хуытъинаты Руслан, УФ-йы сгуыхт аразæг: «Абон ам сты йæ хæлæрттæ, йæ мыггаг, йæ бинонтæ, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр æрбацыдысты. Æм сеппæтæн дæр кæнын арфæ».
Ачеты Аркадийы номыл музыкалон бæрæгбон рауад аив æмæ зæрдæмæдзæугæ, уымæй та аивад уарзджытæ бузныг зæгъынц фестивалы бундурæвæрæг Гергиты Ларисæйæн.
Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ