Абон æм радон хатт æркастысты республикæйы Парламенты депутаттæ.
Депутаттæ бахастой фæндон цæмæй бюджетмæ хаст æрцæуа уæлæмхасæн статья, тагъд æххуысы машинæтæ балхæнынæн.
Депутаттæ бахастой фæндон цæмæй бюджетмæ хаст æрцæуа уæлæмхасæн статья, тагъд æххуысы машинæтæ балхæнынæн. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй æрмæст Дзæуджыхъæуы хъуамæ куса 32 машинæйы, кусгæ та дзы 20 йеддæмæ нæ кæнынц. Кæй нæ фаг кæнынц, уый æвзæрырдæм фæзыны адæмæн афоныл æмæ æмбæлгæ медицинон æххуыс бакæнынæн.
Уымæй уæлдай ма депутаттæ æрдзырдтой фидæны Парламенты æмбырдмæ цы фарстатæ рахæсдзысты, ууыл. Се хсæн уыдзысты Арбитражон æмæ Сæраг тæрхондæттæ баиу кæныны федералон закъоны проект, æнæниздзинадхъахъхъæнынады ппограммæ æххæст кæныны фарста, республикон объекты цалцæггæнæн куыстытæ кæм цæуынц, уыдон афоныл фæуыны тыххæй æмæ иннæ фарстатæ.
