филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:25 пятница, 03 мая 2024
17 апреля 2013, 11:59
Финансон цæстдарды территориалон управлени хатдзæгтæ скодта 1-аг кварталы архайдæн

Финансон-бюджетон цæстдарды территориалон управлени хатдзæгтæ скодта ацы азы 1-аг кварталы архайдæн æмæ снысан кодта йæ дарддæры куыст. Æртæ мæймæ конд æрцыд 33 ревизийы, уыдонæй 17-ы раиртæстой æнæзакъон митæ.

Финансон цæстдарды территориалон управлени хатдзæгтæ скодта 1-аг кварталы архайдæн
Финансон-бюджетон цæстдарды территориалон управлени хатдзæгтæ скодта ацы азы 1-аг кварталы архайдæн æмæ снысан кодта йæ дарддæры куыст.

Æртæ мæймæ конд æрцыд 33 ревизийы, уыдонæй 17-ы раиртæстой æнæзакъон митæ. Æдæппæтæй сбæрæг кодтой 3 миллиарды 805 милуаны æмæ 305 мин сомы. Федералон бюджеты фæрæзтæ хардз кæнгæйæ, закъон хæлд кæм æрцыд, уыцы æхцайы иумæйаг бæрц у 700 милуан сомæй фылдæр, 43 милуаны бæрц дзы фæстæмæ раздæхтой. Хæстæгдæр рæстæг службæмæ уæлæмхасæн хæстæ кæй фæзындзæн, уымæ гæсгæ управленийы разамонæг Баскаты Станислав бахæс кодта, цæмæй алы хайад дæр афоныл бацæттæ кæна кусджыты ног хæстæ æххæст кæнынмæ.

Фыццæгæм кварталы 31 ревизи скодтой валютон хайады кусджытæ. Сарæзтой 14 протоколы, 11-мæ гæсгæ хаст æрцыдысты уынаффæтæ административон æгъдауæй бафхæрыны фæдыл. Цæстдарæн мадзæлттæй уæлдай ма управленийы кусджытæ архайынц, цæмæй, федералон бюджеты фæрæзтимæ чи архайы, уыцы ведомствотæ æнæзакъон митæ къаддæр кæной.

Баскаты Станислав, РЦИ-Аланийы финансон-бюджетон  цæстдарды федералон службæйы разамонæг: «Мах ууыл нæ архайæм, цæмæй рæдыдтытæ æнæмæнг фылдæр раиртасæм. Фæлæ нæ фæнды, цæмæй растдæр кусой, æмæ цæмæй нæ адæм фылдæр пайда уыной, нæ республикæмæ цы фæрæзтæ цæуы, уыдонæй. Ууыл архайæм республикæйы Хицауадимæ. Æрæджы æрæмбырд кодтам амалхъом адæмы æмæ сын радзырдтам, фылдæр рæдыдтæ кæм æрцæуы, уый тыххæй. Мах хъуамæ лæмбынæг кæсæм, куыд цæуы æххæстгонд бюджет, цы хъæндзинæдтæ дзы ис, æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ куыд аиуварс кæнын хъæуы, уымæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania