24 февраля 2014, 11:43
Фистæгæфсæдты 19-æм бригады байгом чырыстон аргъуан
3 мæймæ йæ хæрзхъæд хъæдæрмæгæй сарæзтой æфсæддонты хардзæй. Аргъуаны бацæудзæн 50 адæймаджы. Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг архиепискон Зосимæ дзы сарæзта аргъуыд.
3 мæймæ йæ хæрзхъæд хъæдæрмæгæй сарæзтой æфсæддонты хардзæй. Аргъуаны бацæудзæн 50 адæймаджы. Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг архиепискон Зосимæ дзы сарæзта аргъуыд. Уый раарфæ кодта, ацы бæрнон хъуыддагмæ йæ æвæрæн чи бахаста, уыцы адæмæн. Аргъуанæн радтой Уæрæсейы æппæт дзуæртты ном. Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд чырыстон адæм фæбæрæг кæнынц, Уæрæсейы зæххæн йæ арфæйаг хъуыддæгтæй кад чи кодта, уыцы дзуæртты. Æмæ æфсæддонтæ ам ардзысты, йæ цард райгуырæн зæххы сæраппонд чи радта, уыдоны ном. Ацы аргъуан гарнизоны у фыццаг, фæлæ сæ ныфс и, нырæй фæстæмæ 58-æм æфсады фылдæр кæй уыдзысты, уымæй.
темæмæ гæсгæ




