11 августа 2014, 13:29
Физкультурникы бон сбæрæг кодтой Горæтгæрон районы дæр
Срæзтой дзы, 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæды `хсæн уæгъдибар хъæбысхæсты ерысты кæронбæттæн къæпхæн. Сæ тыхтæ æвзæрстой Октябрыхъæуы æмæ Комгæроны командæтæ.
Срæзтой дзы, 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæды `хсæн уæгъдибар хъæбысхæсты ерысты кæронбæттæн къæпхæн. Сæ тыхтæ æвзæрстой Октябрыхъæуы æмæ Комгæроны командæтæ. Уымæй уæлдай ма дзы уыди дугъ кæныны ерыстæ дæр, уым та архайдтой Горæтгæрон районы æппæт скъолаты минæвæрттæ.
Физкультурникы боны кадæн ацы спортивон фембæлд арæзт æрцыди республикæйы мидхъуыддæгты министрады хъæппæрисæй. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй ахæм ерыстæ кæндзысты алы аз дæр.
Физкультурникы боны кадæн ацы спортивон фембæлд арæзт æрцыди республикæйы мидхъуыддæгты министрады хъæппæрисæй. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй ахæм ерыстæ кæндзысты алы аз дæр.
Гиголаты Герман, Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады Горæтгæрон районы пъæлицæйæгтимæ куысты хайады хицау: «Ахæм спортивон мадзал нæ районы цæуы фыццаг хатт. Уый размæ никуы кодтам ахæм ерыстæ. 4 хуызы ерыстæ дзы уыдис. Æрбахуыдтам бирæ сывæллæтты, сæ зæрдæмæ фæцыдис. Мах фæнды, цæмæй нæ сывæллæттæ æнæнизæй, дзæбæх рæзой, æвзæр митæ куыд нæ кæной, уый тыххæй сын ахæм ерыстæ скодтам».
темæмæ гæсгæ