филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:37 вторник, 16 декабря 2025
19 февраля 2014, 11:23
Фонд «Быть добру» æмæ «РусФонд» дарддæр æмбырд кæнынц æхца, фондзмæйдзыд Тыбылты Альбертæн баххуыс кæныны тыххæй

Сывæллонæн хъыгдард у йæ зæрдæ. Йæ низ рабæрæг, иу мæй йыл куы сæххæст, уæд. Сывæллоны арвыстой Мæскуымæ, фæлæ йын Бакулевы номыл центры дохтыртæ операци скæнынмæ сæ

Фонд «Быть добру» æмæ «РусФонд» дарддæр æмбырд кæнынц æхца, фондзмæйдзыд Тыбылты Альбертæн баххуыс кæныны тыххæй.

Сывæллонæн хъыгдард у йæ зæрдæ. Йæ низ рабæрæг, иу мæй йыл куы сæххæст, уæд. Сывæллоны арвыстой Мæскуымæ, фæлæ йын Бакулевы номыл центры дохтыртæ операци скæнынмæ сæ ныфс нæ бахастой. Уымæн æмæ наркоз, гæнæн ис, æмæ сабийы æнæниздзинадæн æрхастаид зиан. Тыбылты Альбертæн сæ бон баххуыс кæнын у Берлины кардиологон центры. Фæлæ операцийæн хъæуы дыууæ милуан сомы бæрц. Альберты ныййарджытæм, Алан æмæ Зæринæмæ, ахæм æхцатæ нæй. Æххуыс сын кæнынц зæрдæхæлар адæм. Ныридæгæн сæмбырд кодтой æхцайы фылдæр хай, нæ фаг кæнынц æрмæстдæр сæдæ цыппор цыппар мин сомы. Баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у арвитын æхца банчы сæрмагонд хыгъдмæ. Уымæй дарддæр арвитæн ис СМС-хъусынгæнинаг дзырд ДЕТИ цыбыр номер 5541-мæ. Æмæ уæд иумæ баххуыс кæндзыстæм чысыл Альбертæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania