филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 суббота, 28 сентября 2024
06 февраля 2020, 12:51
Форум «Машукы» йæ проект чи бахъахъхъæдта, уыдонæй иу у Буроны цæрæг – хъæддæсны Илаты Марат

Цы фæрæзтæ рамбылдта, уыдонæй расидти социалон проект «Æрмдæсныйады скъолайы рæзт» зæгъгæ

Фæсивæдон форум «Машукы» йæ проект чи бахъахъхъæдта, уыдонæй иу у Буроны цæрæг – хъæддæсны Илаты Марат. Цы фæрæзтæ рамбылдта, уыдонæй расидти социалон проект «Æрмдæсныйады скъолайы рæзт» зæгъгæ. Проект æххæст кæнгæйæ та цалдæр хъæуы сывæллæтты рæвдауæндæттæн сарæзта змисæй хъазæн фæзтæ. Уыимæ сты нырыккон æмæ хæрзвадат. Марат ма æрмæдысныйады сусæгдзинæдтæ амоны Алагиры скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн. Æрыгон лæппуйы архайды тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Кæронбæттæн мадзæлттæ ма, æмæ хъæдæрмæг цæттæ. Хъæуы йыл хорз бакусын, цæмæй йыл схъистæ ма уа. Тагъд рæстæджы ацы фæйнæджытæй рауайдзæн сывæллæтты рæвдауæндонæн змисæй хъазæн бынат.

Ахæм ирхæфсæнтæ ныридæгæн сæвæрдтой нæ республикæйы цыппар хъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты. Иууылдæр арæзт сты хъæддæсны Илаты Мараты проектмæ гæсгæ. Фæрæзтæ та йын радих кодтой фæсивæдон форум Машукы. Фыццаг змисæй хъазæн фæз сæвæрдта йæ райгуырæн Буроны.

Змисæй хъазæн кусæнгæрзтæ Марат арæзта Алагиры скъола-интернаты хъомылгæнинæгтимæ иумæ. Уыцы-иу рæстæг сын амоны æрмдæсныйады сусæгдзинæдтæ. Къухæй арæхсын пайда у сывæллæттæн, æмæ сын сæхи къухтæй конд дзаумæттæ уæлдай æхсызгондæр вæййы фенын.

Змисæй хъазæн фæзтæй дарддæр ма Илаты Марат аразы бандæнтæ æмæ декоративон дзаумæттæ, æмæ сæ балæвар кæны сывæллæтты рæвдауæндæттæн.

Ныртæккæ проект у æхгæд. Баззади ма сын иу ирхæфсæн саразын. Фæлæ уæддæр Илаты Маратмæ дарддæр цæуынц курдиæттæ сывæллæтты рæвдауæндæттæй. Æмæ кæд фæрæзтæ ссара, уæд та ногæй цæттæ уыдзæн йæ къухтæм лæгъзгæнæн райсынмæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania