филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:44 суббота, 18 мая 2024
13 июня 2019, 17:00
Фракци «Иугонд Уæрæсе» бахаста фæндон, Цæгат Ирыстоны ног ахуыры аз 4-æм сентябрьмæ ахæссыны тыххæй

Уый тыххæй Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта фракцийы закъонæвæрынады комитеты разамонæг Ортабайты Тимур.

Фракци «Иугонд Уæрæсе» бахаста фæндон, Цæгат Ирыстоны ног ахуыры аз 4-æм сентябрьмæ ахæссыны тыххæй.
Уый тыххæй Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта фракцийы закъонæвæрынады комитеты разамонæг Ортабайты Тимур. Куыд загъта, афтæмæй ахæм уынаффæ рахастой, адæмы бирæ курдиæтты æмæ «Стыр ныхасимæ» консультациты фæстæ. Фарстайыл дзургæйæ, Парламенты совет иу хъуыдыйыл хæст нæ разынд. Уымæ гæсгæ йæ рахæсдзысты радон уæрæхгонд æмбырды боны фæткмæ. Фæлæ кæронбæттæн уынаффæ уæддæр рахæсдзæн федералон ахуырады министрад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania