филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 суббота, 28 сентября 2024
06 ноября 2019, 18:25
Фронты фæcчъылдымы фæллойгæнæг Джыбызты Тайбæты цæрыны уавæртæ

Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ хуыздæртæй нæ разындысты. Ацы темæ апарахат суанг федералон телеканалты дæр

Зын бауырнæн чи у, ахæм цау. Мæйæ фылдæры размæ не сфæлдыстадон къорд абалц кодта Æрæфы районмæ. Уым бæстон базонгæ 95-аздзыд ветеран Джыбызты Тæйбæты цæрыны уавæртимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ хуыздæртæй нæ разындысты. Ацы темæ апарахат суанг федералон телеканалты дæр. Ногæй та йæм здæхæм мах дæр. Æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Советскийы хъæуы цæрæг нæуæдз фондзазыд Джыбызты Тæйбæты тыххæй уын нæ сфæлдыстадон къорд радзырдта дыууæ мæйы размæ. Йæ хæстæджытæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй сылгоймалжы æрцæрын кодтой ног фатеры æнæ хъæугæ документтæй. Уый размæ цы барачы цардис, уый та акалдтой. Зæронд ус цы фатеры æрцардис, уымæн фæзынд ног хицау Айдарты Мæирбег. Йемæ æрæджы аныхас кодта Æрæфы районы сæргълæууæг Хидирты Батрадз.

Мæирбег куыд загъта, афтæмæй цалынмæ хъуыддаг нæ равзарой, уæдмæ зæронд усы йæ цæрæнбынатæй нæ сыстын кæндзæн. Администрацийы разамынд систа архивæй документтæ. 2008 азы Джбызты Тæйбæт балхæдта барак йе мхъæуккагæй. Уыцы заманты дзы цардысты хъæдгуыстгæнæн куыстуаты фæллойгæнджытæ.

Фæлæ уæддæр Джыбызтæ зæронд барак ауæй кодтой, æмæ нымад æрцыдис, цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмыл. 2010-æм азы районы куыста адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ралидзын кæныны программæ. Ныртæккæ Тæйбæт цы хæдзары цæры, уый дæр уыцы нысантæн сарæзтой. Ног хæдзары Джыбызтæ æрцардысты 2014 азы.

Джыбызты Тæйбæт программæйы кæй архайдта, уый æвдисæн, стæй йын ацы цæрæнуаты цæрыны бардæттæг докумменттæ администрацимæ нæй. Уæдæ цæрæнуатмæ рады чи лæууы, уыцы адæмы номхыгъды дæр нæй. Фæлæ раздæры хъæды хæдзарады разамынд цы номхыгъд сарæзта, уым сылгоймаг нысангонд уыдис. 2014 азы хъуыддаг æвзæрста районы прокуратурæ.

Фондз азы фæстæ районы прокуратурæ ногæй райдыдта æвзарын уыцы хъуыддаг. Федералон каналы сюжет куы равдыстой, уæд æм æхсæнад дæр йе ргом аздæхта. Ныртæккæ тæрхондоны æвзарынц цæстдарæн оргæны хъаст, цæмæй Тæйбæты бартæ бахъахъхъæной, уый тыххæй. Сæ курдиаты курынц, цæмæй йын район æнæрадæй радта цæрæнуат. Хъуыдыйаг у уый дæр, æмæ Джыбызты Тæйбæт у фæсчъылдымы фæллойгæнæг. Кæд ын закъонмæ гæсгæ уыцы льготæ не мбæлы, уæддæр ис бацархайæн, цæмæй зæронд усæн радих кæной цæрæнуат.

Ацы хъуыддаджы ис, æрмæстдæр барадхъахъхъæнæн оргæнтæ дзуапп кæмæн ратдзысты, ахæм фарстатæ. Зæгъæм, баракы документты районы юристтæ ссардтой цалдæр аипдзинады. Уыдон ныртæккæ бæрæг кæны слестгæнæн комитет.

Тæйбæты бинонтæ бирæ сты. Йæ фырт æмæ йæ цардæмбал Цæголты Еленæ цæрынц хи хæдзары. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзар у сæ сиахсы. Уый ныртæккæ Мæскуыйы цæры, фæлæ йæ бон у цыфæнды рæстæг дæр æрбацæуын æмæ йæ закъоны цæрæнбынаты æрцæрын. Ис ма йын чызг Светланæ дæр. Уый зилы ныртæккæ Тæйбæтмæ. Йæ чызг Людмилæ та æндæр горæты цæры. Советскийы хъæуы иууатон фатеры йæ бинонтимæ цæры Тæйбæты хъæбулы хъæбул дæр. Цалынмæ хъуыддаг бæрнон оргæнтæ æвзарынц, уæдмæ зæронд усы йæ хæстæджыты бон суазæг кæнын цæуыннæ у, уыцы фарстайæн мах бон дзуапп радтын нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania