филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:27 вторник, 16 декабря 2025
12 февраля 2014, 16:47
Футболон клуб «Алани» сæхгæныны тыххæй уынаффæ æнцон рахæссын нæ уыд

Фæлæ сæвзæрд уавæрæн аивурсгæнæн дæр нæй. Абон дзæуджыхъæуккаг командæйы хъысмæты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Футболон клуб «Алани» сæхгæныны тыххæй уынаффæ æнцон рахæссын нæ уыд. Фæлæ сæвзæрд уавæрæн аивурсгæнæн дæр нæй. Абон дзæуджыхъæуккаг командæйы хъысмæты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг: «Футболон клуб „Аланийы» цы уавæр сæвзæрд, уый тынг хъыг у, стæй зын бауырнæн. Хъыгагæн нæ цард арæх ахæм уавæрты сæвæры, æмæ хъуамæ хæссæм зын уынаффæтæ. Ацы хатт нæ бахъуыд, футболон клуб чемпионатæй сисыны тыххæй уынаффæ рахæссын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ кæддæр стыр хъарутæй бацархайын хъуыди, цæмæй нæ клубæн, куыд Уæрæсейы Федерацийы субъекты минæварæн, афтæ, фæрæзтæ нæхи бюджетæй ма цæуой, ууыл. Мах уый стыр æнтыстдзинадыл нымадтам, стæй нымайæм. Нæ размæ дæр стыр нысантæ æвæрдтам. „РусГидро»-имæ цы бадзырд бафыстам, уый дæр нын æххуыс уыди. Фæлæ нæ командæ Премьер-лигæйæ æрхызт иу къæпхæн бындæр. Фæстæдæр не спонсортæн футболон клубæн фæрæзтæ дих кæнын сæ бон нал баци. Ныфс ма нæ уыди, ныхас кодтам Толстыхимæ, Муткоимæ. Æмæ нын бар радтой паддзахадонæй акционерон организаци саразынæн. Фæлæ уæддæр къуырццдзæвæнæй рацæуын нæ бон нæ баци. Æмбарæм æй, уавæр объективон кæй у, уый. Цыфæнды куы кодтаиккам, уæддæр нæ бахъуыд зын уынаффæ рахæссын. Фæлæ уæддæр Цæгат Ирыстон уыди æмæ уыдзæн ахæм бæстæ, хорз спортсментæ кæм райгуыры. Уæлдай раппæлинаг у сывæллæтты футболы скъола. Æппæт хъарутæй архайдзыстæм, цæмæй командæ „Алания-Д»-йы фæрцы нæ хæстæ æмæ нысантæ нæ къухы ‘фтой, ууыл».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania