02 октября 2014, 17:19
Футболон клуб «Аланийы» директор Александр Стельмахыл скодтой уголовон хъуыддаг
Зылын æй кæнынц, стыр æхцатæ кæй бахардз кодта, уымæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Уæрæсейы генералон прокуратурæйы сайты.
Футболон клуб «Аланийы» директор Александр Стельмахыл скодтой уголовон хъуыддаг. Зылын æй кæнынц, стыр æхцатæ кæй бахардз кодта, уымæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Уæрæсейы генералон прокуратурæйы сайты. Слесты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Стельмах йæ бæрнон куысты бынатæй пайдагæнгæйæ, бахардз кодта бюджетон æхцатæ, æдæппæтæй 34 милуанæй фылдæр. Бæлвырддæр та, 2011-æм азы 1-æм августы, клубы разамонæг, цымæ латвиаг фирмæтæй иуы генералон директор Михаил Лебедевимæ бадзырд бафыста, сæ лæггæдтæй пайда кæныны тыххæй, афтæ. Йæ зæрдæлхæнæн хъуамæ уыдаид 1 милуан евройы. Документтæм гæсгæ æхцатæ лæвæрд æрцыдысты. Фæлæ слесты рæстæг рабæрæг, Лебедев уыцы хъуыддагмæ кæй ницы бар дардта, æмæ бадзырд мæнг кæй уыдис, уый.
темæмæ гæсгæ