16 апреля 2014, 11:28
Футболон клуб «Алания-Д» акодта йæ фыццаг официалон хъазт республикон стадион «Спартачы»
Уæрæсейы дыккаг дивизионы ерысты дзæуджыхъæуккаг футболисттæ фембæлдысты турниры уæлахиздзаутæй иу Астраханы командæ «Волгарь» – имæ. Уыйразмæ хъазты нæ командæ
Уæрæсейы дыккаг дивизионы ерысты дзæуджыхъæуккаг футболисттæ фембæлдысты турниры уæлахиздзаутæй иу Астраханы командæ «Волгарь» – имæ. Уыйразмæ хъазты нæ командæ фембæлд Новороссийскы «Черноморец» – имæ, æмæ йын фæхæрд. Ацы хатт не спортсментæ сæхи тынг хорз бацæттæ кодтой. Фæндыди сæ футболуарзджыты зæрдæтæ барухс кæнын, фæлæ сæ хъазт размæ нæ цыди. Æмæ сын фыццаг таæмы уазджытæ бакъуырдтой гол. Нæ футболисте тынг архайдтой, фæлæ сын дзуапп раттын сæ бон нæ баци, æмæ хъазт ахицæн 0:1 хыгъдæй.
темæмæ гæсгæ