Архайдтой дзы Хуссар Ирыстоны æрыгон спортсментæ дæр. Æдæппæтæй турниры се спортивон цæттæдзинад æвдыстой 163 лæппуйы. Сты 1997-æмæй 2001-æм азты онг гуырд.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны республикæтæй 163 спортсмены архайдтой Фыдыбæстæйы хæсты ветеран Виктор Коняевы приз рамбулыны ерысты боксæй. Турнир арæзт æрцыд завод «Электроцинчы» æмæ республикæйы боксы федерацийы хъæппæрисæй. Йæ æнæниздзинад кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ Виктор Коняев ерысты нæ уыд, фæлæ æрыгон боксертæ куыд хæцынц, уый федтой йæ хæстон æмбæлттæ.
Спортсменты азтæм гæсгæ турнир арæзт у 3 къæпхæнæй. Сты 1997-æмæй 2001-æм азты онг гуырд лæппутæ. Æмæ се ппæт дæр архайдтой се спортивон цæттæдзинад равдисыныл. Бирæ азты дæргъы ацы турнир у фыццаг, уымæн æмæ федерацимæ нæ фаг кæны æхца ерыстæ аразынæн.
Владимир Зиновьев, Советон Цæдисы 1954-æм азы боксы кубок рамбулæг: «Турнир арæзт у æрыгон спортсментæй, уыдон сты спорты æмæ царды дæр нæ фидæны бындур. Æмæ Хæсты ветераны приз рамбулыны ерысты кæй архайынц, уый хорзырдæм фæбæрæг уыдзæн сæ хъомыладыл».
Ян Лютиков клуб «Боец»-мæ цæуы 3 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй бокс адæймагмæ гуырын кæны хуыздæр миниуджытæ. Ацы турниры Ян æнцонтæй рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы.
Ацы турниры архайджытæн се ппæтæн дæр радтой кады гæххæттытæ æмæ майдантæ. Фыццаг бынæттæ чи рамбылдта, уыдоны та схорзæхджын кодтой кубоктæй боксы æрмкъуыхты хуызы.
