филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:32 среда, 15 мая 2024
18 октября 2022, 10:48
Фыдæлты фарн дарддæр хæссын

Адæмы аккаг уæвын, фидæны фæлтæртæн пайдайаг хъуыддæгтæ ныууадзын

Фыдæлты фарн дарддæр хæссын. Адæмы аккаг уæвын. Фидæны фæлтæртæн пайдайаг хъуыддæгтæ ныууадзын. Стæй фыдæлты фарн дæлæмæ ма руадзын. Уыцы хæзнатыл кусæг, Хъуылцыты Æхсарбегимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Йæ рæдау удæй рæвдауæйы кæдфæнды дæр. Зындгонд хирург, профессор Хъульчити Æхсарбег кæдфæнды дæр цæттæ у йæ рæстæгæй фæхайджын кæнынмæ.

Хъульчити Æхсары царди уавæртæбæл рафæлгæсгæй си адæймаги хъиамæт бæрæг æй. Уæхæн хъаурæ ба фæууй æрмæстдæр, æ фиди хъиамæтæн аргъгæнæгæн

Ныртæккæ горæты цæрæнбынæттæ кæмæн ис, уыдонæй хъæумæ стæм чи цæуы йæ фыдæлты фарн хъахъхъæнынмæ.  Фæлæ  Æхсарбег та, цымæ Хæзныдонæй цæугæ дæр никуы фæкæны, афтæ  кусы  йæ фыды уæзæджы райрæзтыл. Зоны æмæ хæссы фæлтæртæм йæ фыдæлтæн зынаргъ хъуыддæгтæ.

Æ æригон бонти æй кæд æнхæст нæ евдалдæй æ дæсниадæбæл архайгæй, адæми æнæнездзинадæбæл тухсгæй, уæддæр нур ба æ алли уæгъдæ рæстæг  дæр æй фæндуй  æ сувæллони бæнттæ ци тургъи æрвиста, уоми æрветун. Алли къум дæр ин æй хъæбæр хъазар, ма син сæ ахадундзинадæ хæссуй æ кæстæртæмæ.

Уæлдай стырдæр аргъ та кæны йе мхъæуккагтæн. Хæзныдоны хорзы кой чи парахат кæны, æмæ йын æй рухс фидæныл чи кусы, уыдонæн.

Уогæ царди нæдтæбæл цæугæй берæ гъуддæгтæ адæймагæн æхецæй аразгæ ке æй, уомæн дæнцæгæн æрхæссæн ес Хъульчити Æхсарбеги. Æ фиддæлти бундори фарнæ идарддæр хæссунбæл ку нæ косидæ, уæд ауæхæн райдзаст рауæ дæр нæ лæууианæ.

Æхсарбег йæ дæсныйадæн цы рæстæг балæвар кодта, æмæ кæны, уый у йæ уды мæсыг. Алы сдзæбæх рынчынимæ дæр рæзгæ цыд йæ уды хъару  æмæ афтæмæй   сси зындгонд, зондджын дохтыр.

Уогæ, æз æй ци рæстæг зонуй, уæдæй куд рафæлхат кодтон, уотемæй Хъульчий фурт берæ дзорун нæ уарзуй, нæ аци фембæлдбæл дæр мин ке исарази æй, уомæй мæхе хонун амондгун. Куд зæгъуй , уотемæй, гъуддæгтæй æвдесун гъæуй гъудитæ, дзубандитæй берæ пайда нæййес.

Царды цыдæн аргъ кæнгæйæ, Æхсарбег архайы сæ мыггаджы истори бахъахъхъæныныл.  Уæвгæ йæ сæрмæ цы хъуыды æрцæуа, уый, æнæмæнг, царды йæ бынат ссары.  Сарæзта сæ мыггаджы бæлас, стæй рухс федта чиныг  «Хъуылцытæ». Хаст æм æрцыд сæ мыггаджы равзæрст æмæ хистæрты тыххæй æрмæджытæ.

Фыдæлты фарн дарддæр хæссын! Адæмы аккаг уæвын! Фидæны фæлтæртæн пайдайаг хъуыддæгтæ ныууадзын!  Стæй фыдæлты фарн дæлæмæ ма руадзын! Уыцы хæзнатыл кусæг, Хъуылцыты Агуыбейы фырт Æхсарбеджы хуызæттæ æхсæнады фылдæр куы уа, уæд  Ирыстоны истори, æгъдæуттæ, традицитæн фесæфынæй тæссаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania