11 апреля 2013, 17:18
Фыдгæнджытæ Дзæуджыхъæуы скъахтой æмæ адавтой 28 бæласы
Горæты администрацийы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы цаутæ æрцыдысты Ирыстойнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг уынгты.
Фыдгæнджытæ Дзæуджыхъæуы скъахтой æмæ адавтой 28 бæласы.
Горæты администрацийы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы цаутæ æрцыдысты Ирыстойнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг уынгты. Сæрмагонд уынаффæмæ гæсгæ, ног бæлæстæ кæм фæзынд, уыцы бынæттæ цæудзысты хъахъхъæд. Мэрийы кусджытæ та адæмæй курæг сты, цæмæй æгъдаухæлдтыты тыххæй хъусын кæной администрацимæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрæджы Дзæуджыхъæуы фæци акци «Ныссадз дæ бæлас». Уынгтæ саив кæныны тыххæй дзы ныссагътой 1 мин 500 бæласы.
темæмæ гæсгæ