филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
11 февраля 2021, 13:37
Фыдгæнджытæ Дзæуджыхъæуы историон хайы цалдæр объктыл ныууагътой сæ фæд

Бæлвырддæр та сныв кодтой бæстыхæйтты

Фыдгæнджытæ Дзæуджыхъæуы историон хайы цалдæр объктыл ныууагътой сæ фæд. Бæлвырддæр та сныв кодтой бæстыхæйттыл. Иухуызоæ нывтæ скодтой трд ахорæнтæй. Афтæмæй фехæлдтой Центрон парчы фонтаны æмæ скульптурæйы, Вахтанговы уынджы бæстыхæйттæй иуы, архитекторты Цæдисы æмæ къайад фидаргæнæн хайады бæстыхæйтты хуыз. Префектурæты кусджытæ халынц фыдгæнджыты граффититæ. Республикæйы культурон хæзнаты объекттæ хъахъхъæныны комитет барадхъахъхъæнæг оргæнтæм радта видеоцæстдардæй ист кадртæ. Уыдоны фæрцы агуырд цæуынц фыдгæнджытæ. Мидхъуыддæгты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ацы фыдракæнд хат æрцыди вандализмы статьямæ. Закъонмæ гæсгæ, фыдгæнджытæм æнхъæлмæ кæсы 3 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania