филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:08 вторник, 16 декабря 2025
13 марта 2014, 17:22
Фыдракæндты профилактикæйы паддзахадон æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты æмгуыстады фæдыл къамис æркаст фыдракæндтæ къаддæр кæныны фарстатæм

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Фарон нæ республикæйы бæрæггонд æрцыд 6 мин фыдракæндæй фылдæр, уый тыххæй уголовон æгъдауæй бафхæрдтой 3 мины 582 адæймаджы.

Фыдракæндты профилактикæйы паддзахадон æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты æмгуыстады фæдыл къамис æркаст фыдракæндтæ къаддæр кæныны фарстатæм
Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Фарон нæ республикæйы бæрæггонд æрцыд 6 мин фыдракæндæй фылдæр, уый тыххæй уголовон æгъдауæй бафхæрдтой 3 мины 582 адæймаджы. Æркастысты ахст адæмы дарыны уавæртæм, стæй ахæстонæй чи рацæуы, уыдоны хъысмæтмæ. Ахсджиагдæр фарста у ахæм адæмæн куыст ссарын. Адæмæн куыст дæттыны комитет уавæрмæ хъус дары, фæлæ бакусын хъæуы, цæмæй закъонмæ гæсгæ, куыстуæтты уой сæрмагонд куысты бынæттæ, ахæстæттæй чи суæгъд вæййы, уыдонæн. Æфхæрæн мадзæлттæ æххæстгæнæг службæ йæхирдыгæй архайы ацы фарстайыл. Сæрмагонд училищæйы фадæттæ ис, цæмæй ахст адæм райсой дæсныйад, æмæ куы рацæуой, уæд сæ бон уа куыст ссарын. Уæлдай стыр æргом здæхт уыд сывæллæтты æмæ фæсивæды раст хъомыладмæ, цæмæй фыдракæндтæм æмхиц ма уой. Ууыл бирæ ведомствотæ кусынц. Къамисы æмбырды уынаффæйы нысангонд æрцыдысты сæ хæстæ дарддæры архайды.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania