филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:56 воскресенье, 14 декабря 2025
21 октября 2025, 10:33
Фыды æппæтадæмон боны кадæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн скодтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Мадзал ацыд æхсæнадон æххуысы штабы

Фыды æппæтадæмон боны кадæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн скодтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ.Мадзал ацыд æхсæнадон æххуысы штабы. Чызджытæн радзырдтой æмæ равдыстой кукла-салдаттæ хи къухтæй куыд саразæн ис, уый. Бирæтæ дзы æндах æмæ судзин сæ къухмæ райстой фыццаг хатт, уымæ гæсгæ сын ахуыртæ уыдысты уæлдай цымыдисагдæр. Сабитæ тынг зæрдиагæй архайдтой, уымæн æмæ цы куклатæ скодтой, уыдон арвыстой сæ фыдтæн. Чызджытæй иуæн йæ фыд сыздæхт фронтæй æмæ йын ахуырты рæстæг йæ чызг балæвар кодта кукла. Ахæм зæрдæмæхъаргæ фембæлд се ппæтмæ дæр сæвзæрын кодта æхсызгон æнкъарæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania