Ацы зарæг сæ хъæбатыр æмзæххоныл ныффыстой Засеты Мераб æмæ Харебаты Тимур. Чысыл Хуссар Ирыстоны Пухаты Алиханы ном чи нæ зоны, ахæм адæймаг нæй. 90-æм азты
Пухаты Алихан: «Уыцы «Адæмон ныхас» слæууын кодта адæмы. Уыдтой, æнæ туг ныккалгæ нæй. Сæ бон цы уыдис, уый амал кодтой. Се `ппæтæн дæр хъусын кодтой, цæуы геноцид ирон адæмы ныхмæ».
Алиханы хъæбатырдзинадæн аккаг аргъ скодтой. Гуырдзыйы сабырдзинадмæ разæнгард кæныны операцийы æмæ хæстон цауты архайæджы майдантæ, стæй Хуссар Ирыстоны кадджындæр хæрзиуæг – орден «Уацамонгæ» сты абон йæ риуыл. Йе фсымæрæй сæрыстыр у Пухаты Алан дæр. Йæхæдæг дæр уыцы цауты архайдта. Ныр 10 азы та у фонд «Алани»-йы президент Санкт-Петербурджы. Организаци æххуыс кæны Ирыстонæй рацæугæ адæмæн.
Пухаты Алан: «Махæн нæ фæсивæд стыр горæтты фæсивæдæй хистæрдæр сты. Зындæр уавæртæ сын уыдис ам. Цардмæ цæттæдæр сты. Хорз фæсивæд сты. Тырнынц».
Нæлгоймæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм æнтыстдзинæдтæ сæ къухы бафтыд сæ ныййарджыты фæрцы. Уыдон сæ кæддæриддæр ахуыр кодтой патриоттæ уæвыныл. Сæ фыд Андрей ныр дæр у Хуссар Ирыстоны хъазахъхъæгты хистæрты Советы сæрдар. Абон Алихан йæхæдæг дæр у фæзминаг хистæр йæ 2 фырты æмæ уыдоны цотæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдоны сабыр царды тыххæй тох кодтой уæд.
Пухаты Алихан: «Тынг амондджын дæн. Уый дын хъæбултæ, æгасæй баззадтæн. Рухсаг уæнт, чи нæ аирвæзтис, уыдон. Ницы федтой цардæй. Чызг дæр мын ис, лæппу дæр. Амондджын дæн, уæдæ цы дæн».
Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон Пухаты бинонтæн у сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу. Уымæн æмæ йæ зонынц, хатгай сабыр цард кæнынæн цы стыр аргъ бафидын фæхъæуы, уый.
Хъайтмазты Дзерассæ




