филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:51 понедельник, 23 июня 2025
09 декабря 2013, 17:43
Фыдыбæстæйы хъæбатырты боны кадæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Барбашовы цыртдзæвæны цур дæр

Мемориалыл дидинджытæ сæвæрдтой мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, ветерантæ, æхсæнады минæвæрттæ. Барадхъахъхъæнæн ведомствæйы управленийы хицау Виктор Трюхан

Фыдыбæстæйы хъæбатырты боны кадæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Барбашовы цыртдзæвæны цур дæр
Мемориалыл дидинджытæ сæвæрдтой мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, ветерантæ, æхсæнады минæвæрттæ. Барадхъахъхъæнæн ведомствæйы управленийы хицау Виктор Трюхан радзырдта, Уæрæсейы ацы бон 2007-æм азы бæрæг кæнын кæй райдыдтой, уый. Бындур æвæрд та йын æрцыд 18-æм æнусы. 1769-æм азы Екатеринæ 2-æмы бардзырдмæ гæсгæ фидаргонд æрцыд Сыгъдæг Георгий-Уæлахизхæссæджы орден. Хорзæхгонд дзы уыдысты, хæсты йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыцы æфсæддонтæ.
Дидинджытæ сæвæрдтой Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры цыртдзæвæны цур дæр. Мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов куыд загъта, афтæмæй уый æфсæддон сгуыхтдзинад абон у дæнцæгæн хæссинаг ведомствæйы æрыгон фæлтæрæн. Арфæйы ныхæстæ загъта Зауыры мад Берозты Зæлинæйæн. Кæронбæттæны фæндаггон-патрулон службæйы полкъ сарæзта кадджын марш.
Дзиццойты Игорь, фæндаггон-патрулон службæйы полчъы командæгæнæг: «Нæ астæу чи нал ис, уыдоны мах дæр мысæм. Абон нæм ветерантæ дæр æрбацыдысты, мидхъуыддæгты министрады хицауад. Мысæм Джыбылаты Зауыры. Не `хсæн бирæ нæ бакуыста, фæлæ йæхи хъæбатырæй равдыста, йæ цард Ирыстоны номыл радта. Зауыры бинонтæн мæ бон зæгъын у, æмæ сыл зындзинад макуыуал æрцæуæд. Мах дæр сæ фарсмæ уыдзыстæм. Рæзгæ фæлтæрæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дзæбæх уой. Зын куыст, фæлæ гæнæн нæй. Дарддæр дæр кусдзыстæм».

Фыдыбæстæйы хъæбатырты бон сбæрæг кодтой 58-æм æфсады 19-æм æхсæн бригады дæр. Йе *фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонтæн цыртдзæвæны цур сæвæрдтой дидинджытæ. Арфæйы ныхæстæ загътой ветерантæ, Чернобылы атомон станцæйы аварийы фæстиуджытæ иуварс кæныны архайæг Юрий Титоренко, Афганистаны ветеранты цæгатирыстойнаг Советы сæрдары хæдивæг Дзасохты Земфирæ. Ацы бæрæгбонæн цы стыр ахадындзинад ис, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Уæрæсейы хъæбатыр Гасан Наджафов дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania