Фыдыбæстæйы Стыр хæст – уый æрмæст тохы быдыртæ не сты. Мадæлты æмæ сывæллæтты цæссыджытæ, ацæргæ адæмы мæт, стонг æмæ уазал, æбæрæгæй сæфт салдæттæ… Нæй ахæм адæймаг, æмæ
Карсанаты Владимир сывæллон уæвгæйæ, бахауд концлагермæ. Хъизæмæрттæ бавзарæг, æмæ немыцаг фашистты митæн æвдисæн чи уыд, уыцы хæстон абон у нæ программæйы хъайтар.
Ацы къам ист у хæсты размæ, Гроднойы. Уым Белорусси æмæ Польшæйы хсæн арæнтыл царджысты Карсанаты бинонтæ, службæ кодта советон афицер. 1941 азы сæрды æнхъæл дæр ничи уыд, цы фыдæвзарæнты сæрты ахиздзысты, уый.
Ныр дæр ма Карсанаты Владимир куы æрхъуды кæны уыцы хсæв, уæд йæ зæрдæ сриссы. Фашисттæ куы æрбабырстой, уæд Владимирыл цыд 6 азы, йе фсымæрыл 5, йæ хойыл та 2 азы. Уæд фашисты хъуыдысты – сывæллæттæ. Хорз хъуыды кæны вагæттæм сæ куыд бакодтой æмæ сæ кæдæмдæр куыд акодтой, уый. Кæдæм – уый абон дæр нæ зоны. Фæлæ уацары уыдысты афæдзы бæрц.
Афтæмæй фсымæртæ æмæ хо фæхицæн сты кæрæдзийæ. Стонг, уазал æмæ фыдмитæн æвдисæн, Владимиры бакодтой куыйтимæ. Гыццыл лæппу нæдæр боны рухс уыдта, нæдæр хсæв зыдта. Бæллыд йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ бинонтæм, йæ хæдзармæ… Фæлæ хæст – æгъатыр у. Ахæм сау бонты йыл циндзинад æрцæудзæн уый йын исчы куы загътаид, уæд æй нæ бауырныдтаид.
Цыбыр рæстæджы фæстæ сæмбæлд йæ хойыл дæр. Афтæ бинонты кæстæртæ бауиу сты. Куыд фæстæдæр сæ советон æфсæдтæ сæмбæлын кодтой сæ хæдзарыл.
Рацыд 69 азы, фæлæ уыцы бонтæ ныр дæр сынкъуысын кæнынц зæрдæ. Сриссы риу. Æмæ кæд хæст арф фæд ныууагъта, уæддæр Уæлахизы бæрæгбон нымайы æппæтæй стырдæр бæрæгбоныл. У йын лæгдзинады æмæ хъæбатырты бон.




