филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:56 суббота, 21 сентября 2024
30 сентября 2014, 11:10
Фыдыбæстæйы стыр хæсты фæндæгтыл кæрæй кæронмæ чи фæцыд, уыдонæй иу у Дзагкойты Барис

Ацы бонты йыл сæххæст 90 азы.

Волгограды авиацион училищæйы рауагъдон алы фронты дæрæн кодта немыцæгты. Куыд иннæ хæстонтæ, афтæ уый дæр йæ размæ æвæрдта иунæг хæс – Фыдыбæстæ знагæй фервæзын кæнын.

74531
Фыдыбæстæйы стыр хæсты фæндæгтыл кæрæй кæронмæ чи фæцыд, уыдонæй иу у Дзагкойты Барис. Ацы бонты йыл сæххæст 90 азы.

Волгограды авиацион училищæйы рауагъдон алы фронты дæрæн кодта немыцæгты. Куыд иннæ хæстонтæ, афтæ уый дæр йæ размæ æвæрдта иунæг хæс – Фыдыбæстæ знагæй фервæзын кæнын. Тырныдта сабырдзинадмæ. Хæст куы фæци, уæддæр æнæ хæдтæхджытæй йæ бон цæрын нал уыд æмæ инструкторæй куыста Астраханы авиацион училищæйы.

Арæх æрымысы йæ хæстон æмбæлтты. Æмæ та уæд райсы альбом æмæ йæ цæстытыл ауайынц уыцы бонтæ.

«Æппæтæй стырдæр амонд цы у», зæгъгæ йæ куы бафæрсай, уæд ратты ахæм дзуапп. «Æппæтæй стырдæр амонд у, дæ алыварс бæстæ сабыр куы уа, дæ бинонтæ, дæ кæстæртæ æнæнизæй æмæ хъæлдзæгæй дæ фарсмæ куы уой, уæд уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania