филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:22 суббота, 21 сентября 2024
16 ноября 2012, 16:39
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ нæ ногæй здахынц нæ историмæ

70 азы фæстæ дæр нæ къаддæр кæны нæ адæмы рыст, рох не сты хъæбатырты нæмттæ. Абон сæ ногæй æрымысыдысты. Республикæйы разамынды минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ политикон партиты уæнгтæ, 58-æм æфсады службæгæнджытæ æмæ фæсивæд æрбацыдысты Намысы Мемориалмæ

70 азы фæстæ дæр нæ къаддæр кæны нæ
адæмы рыст, рох не сты хъæбатырты нæмттæ. Абон сæ ногæй æрымысыдысты.
Республикæйы разамынды минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ политикон

партиты уæнгтæ, 58-æм æфсады службæгæнджытæ æмæ фæсивæд æрбацыдысты
Намысы Мемориалмæ, хъæбатыр хæстонты цыртдзæвæнтæм, æндæр номарæн
бынæттæм бузныг зæгъынмæ, сабыр цард сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй.
Абоны мадзал ма нын иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кодта Ирыстоны хъæбулты
хъæбатырдзинад.

Хæстон намысы Стелæйы цур дæр абон
æрæмбырлд сты РЦИ-Аланийы хицауады уæнгтæ, бæрнон кусджытæ, æхсæнадон
архайджытæ, скъоладзаутæ, ветерантæ. Цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ
æмæ веноктæ. Иууылдæр ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи бацарæфтыд,
уыдоны нæмттæ. Сæ иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, сæ хъæбатырдзинад æнустæм
баззайдзæн цæргæйæ.

1942 азы Кавказы бынмæ цы хæстытæ
цыдысты, уыдон нымад сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты карздæр тохыл. Ам
фашисты куы ныппырх кодтой, уæдæй фæстæмæ аивдта хæсты цыд æмæ æппæт
фронттæй гитлеронтæ цыдысты тард. Кавказы бынмæ Уæлахизы кадæн мадзæлттæ
ацыдысты Уæлахизы фæзы дæр. Ам æрæмбырд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
ветерантæ, Æдасдзинады федералон службæйы цæгат Ирыстоны хайады
службæгæнджытæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ….
Иууылдæр цыртдзæвæныл сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Фæзы алыварс та
азæлыдысты хæстон зарджытæ. Хæстæй чи нал æрыздæхт уыдоны номыл та
æфсæддон хъарагъул сарæзтой æмæхст.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania