Хæсты хъизæмæрттæ йæхиуыл чи бавзæрста æмæ лæджы кад дæлæмæ чи не руагъта, ахæмты хсæн ис Хъарман-Сындзыхъæуккаг Магаты Аким дæр. Абон йæ фарсмæ сты йæ уарзон бинонтæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Магаты Акимæн йæ 90-азы фæдыл раарфæ кæнынмæ Хъарман-Сындзыхъæумæ æрцыдысты йæ хиуæттæ, хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ.
Магаты Акимæн Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта 1942-æм азы. 17-аздзыд лæппу уæвгæйæ, документты йæ азтыл бафтыдта æмæ афтæмæй æфсадмæ ацыд. Æрыгон лæппуты арвыстой ахуырмæ Тбилисмæ. Уым Аким райста радисты дæсныйад. Уæззау хæстон уавæртæ, нæмгуыты æхситт, æфсæддон хæлæрттæ. Абон уыцы цаутæ æнцон æрымысæн не сты, зæгъы ветеран. Акимæн йæ юбилейы фæдыл раарфæ кæнынмæ Хъарман-Сындзыхъæуымæ ссыдысты йæ фсæддон хæлар Фæрниаты Хасаны бинонтæ дæр. Æрыгон лæппутæ балымæн сты хæсты быдыры.
Фæрниаты Розæ: «1947-æм азы нæм Аким æрбацыд æмæ мæ мад æмæ мæ фыдæн йæхи бацамыдта. Хасан нал ис, фæлæ уын æз уыдзынæн лæппуйæн. Æмæ уый Акимæй аразгæ у. Аким куы нæ æрбацыдаид, уæд æй ничи зыдтаид, ме фсымæримæ сын хæсты цы ныхас уыдис, уый. Кæд иу мыггагæй æмæ иу тугæй не стæм, уæддæр махæн Аким уыдис хистæр æфсымæр æмæ абон у йæ гуырæнбон, сæххæст ыл ис 90 азы. Æмæ мæнæ мæ чындзимæ, рæсугъдæй куыд фæцæра».
Магаты Акимы риуыл æфсæддон хæрзиуджытæ – Сырх стъалыйы орден æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты майдантæ. Йе фсæддон хъæбатырдзинад æмæ намыс абон кæстæртæн сты фæзминаг.
Мæрзиаты Таймураз: «Куыд хистæр, хъæуы хистæр, Аким кæм нæ балæггад кодта, уый нæй. Хъæуæн Аким у мæсыг, ныфс, кад, намыс, æмæ ууыл ахуыр кæнынц сывæллæтæ».
Абон Магаты Аким у кадджын хистæр. Ис ын цот æмæ уыдоны хъæбултæ. Стыр æмæ хъæлдзæг бинонтæ сты ме стырдæр хæзна, зæгъы юбиляр.
Гугкаты Иринæ




