25 апреля 2018, 12:30
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, медицинон службæйы сержант Туаты Раисæ ацы аз сбæрæг кæндзæн йæ 93 азы бон
Ныфсхаст медицинон хо дыууæ азмæ равдыста стыр хъæбатырдзинад.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, медицинон службæйы сержант Туаты Раисæ ацы аз сбæрæг кæндзæн йæ 93 азы бон. Ныфсхаст медицинон хо дыууæ азмæ равдыста стыр хъæбатырдзинад. Афтæмæй сси Фыдыбæстæйы хæсты 2-æм къæпхæны ордены, Сталинграды тохы архайæджы æмæ Жуковы майданты хицау. Уымæй дарддæр Раисæ фронты сæмбæлд йæ фидæны цардæмбалыл. Скодтой чындзæхсæв, æмæ 1943-æм азы æрыгон афицерТуаты Виктор йæ бинойнаджы сласта Цæгат Ирыстонмæ. Раисæйы цардвæндаджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Дзæуджыхъæуккаг Туаты Раисæ райгуырд Урюпинскы, фæлæ йæ царды фылдæр хай арвыста Ирыстоны. Ныр йæ мысинæгты дзуры, кæй йæ фæндыд наукон куыст кæнын æмæ скъолайы йæ æппæт тыхтæ сарæзта ахуырмæ. Йæ бæллицмæ йæ хъуыд иу санчъех, фæлæ йын æвиппайдты æрбаскъуыд. Скъолайы рауагъдонты ирд æмæ хъæлдзæг изæр сси тар æмæ æнкъард райсом.
Скъолайы хæларæй цы æмбæлттимæ цæрд, уыдоны хæст ахæлиу кодта æлы рæттæм. Уый размæ та медицинон курсыты 2 мæйы ахуырад æмæ тохы быдырмæ. Медицинон хо Раисæ бахауд Хуссар-Ныгулæн фронтмæ, хæсты цæхæрмæ.
Тохы быдырæй бирæ цæф салдæтты ластой, хъуыд се ппæтæн дæр æххуыс бакæнын, хатгай-иу сутгæгай фынæй дæр нæ кодтой. Госпиталь уыд хæсты быдырмæ хæстæг æмæ иу æхсæвы архайдтой æнæ рухс ссудзгæйæ. Фæлæ цæугæ рынчындон хызт уыд знаджы нæмгуытæй. Уæззау азтæ арф фæд ныууагътой уæды æрыгон чызджы. Йæ зæрдæ рыстис йæ æфсымæртыл дæр, уыдон дæр хъазуатонæй хъахъхъæдтой райгуырæн уæзæг, хæстæй сыздæхтысты, фæлæ бирæ нæ ацардысты. Хъæдгæмттæ ныууагътой уæззау цæф. Хистæр Алыксандр амард менингитæй, кæстæр Николай та ма ссыд ардæм, Ирыстонмæ, йæ хомæ, фæлæ йæ хъысмæт бирæ нæ ахаста.
Фæлæ Фыдыбæстæйы хæст Раисæйæн йæ зæрдæйы райгуырæн кодта рæсугъд æнкъарæнтæ, госпиталы фембæлд, йæ цардæй фылдæр кæй бауарзта, уыцы адæймаг Туаты Викторимæ, цалдæр мæйы фæстæ скодтой чындзæхсæв. 1943-æм азы Раисæ ссыд йæ ног хæстæджытимæ зонгæ кæнынмæ. Йæ цардæмбал хæдзарыл сæмбæлд 3 азы фæстæ, 1946-æм азы Японийы хæсты фæстæ. Ног цард бинонтæ аразын райдыдтой Кировыхъæуы, фæстæдæр раивтой Дзæуджыхъæумæ. Ныртæккæ азтæ сæ уæз æруагътой йæ уæхсчытыл. Цæстæй æвзæрдæр уынын райдыдта, стæй зæрдæйы бирæ цаутæ нал хъуыды кæны. Фæлæ уый хуыздæрыдæм у, зæгъы Раисæ, кæд мæ Хæсты уæззау азтæ ферох уаиккой. Фæлæ æнæмæнг хъуыды кæны, кæй у амондджын сылгоймаг, уымæн æмæ у уæлахизхæссæг æмæ стыр бинонты кадджын хистæр.
темæмæ гæсгæ




