Бæрæгбоны къуыри Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ истой арфæтæ. Се хсæн Уырымты Æхсарбег. 40-æм азты ветеран уыди тæхæг, æмæ хæстæн цыди йæ райдианæй кæронмæ.

Æхсарбег 41-æм 45-æм азты архайдта æппæты карздæр хæстон цауты. «Æнцонтæй иу цы хæдтæхæг ссыгъд, ууыл цыфæнды æрцæуын дæр йæ бон уыди»,- абон дæр ма ууыл йæ зæрдæ риссы ветераны чызг Надеждæйæн.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 2-аг къæпхæны орден, Сырх Стъалыйы орден, «Хæстон сгуыхтдзинæдты» майдан, дæсгай юбилейон хæрзиуджытæ. Æхсарбег у бирæ хæрзиуджыты хицау, фæлæ ветеранæн сæйрагдæр уыдон не сты, фæлæ адæм æппæт тыхтæй кæуыл архайдтой, уыцы Уæлахиз. Ныртæккæ хæстоныл цæуы 93 азы. Уæлахизы Парадмæ æмæ хæстон кинонывтæм кæсы хæдзары йæ бинонтимæ. Бæллы, цæмæй йæ фæлтæр цы зын хæстон фæндæгтыл фæцыдысты, уыдон баззайой ивгъуыды.
