филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:06 суббота, 18 мая 2024
15 апреля 2013, 17:02
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæй алкæмæндæр хъуамæ лæвæрд æрцæуа цæрæн бынат

Фатер райсыны бар ма ис, чи амард, уыцы ветеранты æмæ инвалидты бинонтæн дæр. Афтæ амоны федералон закъон.

Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы социалон хорзæх алкæйы къуыхы не `фты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæй алкæмæндæр хъуамæ лæвæрд æрцæуа цæрæн бынат. Фатер райсыны бар ма ис, чи амард, уыцы ветеранты æмæ инвалидты бинонтæн дæр. Афтæ амоны федералон закъон.

Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы социалон хорзæх алкæйы къуыхы не `фты. Цы сын æмбæлы, уый райсынæн бирæты бахъæуы бæрнон кусджытимæ тох кæнын. Бынæттон хиуынаффæйады оргæнты сын куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй фатертæ æмбæлынц, æрмæстдæр йæ цæрæн бæстыхайы уавæртæ æвзæр кæнæ хуыздæрхъуаг кæмæн сты, уыдонæн.

Закъон йæ тыхы бацыд 1995 азы. Цæгат Ирыстоны ветерантæн фатертæ аразын æмæ дæттын райдыдтой 2006 азæй фæстæмæ. Ныртæккæ ног фатертæ райстой 1500 ветераны, хыгъды та ис 300 адæймагæй фылдæр.

Йæ къухы кæмæн не `фты, уыдон фыссынц прокуратурæмæ æмæ ма суанг президентмæ. Бирæ хъæстытæ ис республикæйы тæрхондæтты дæр. 2008 – 2011 азмæ æркастысты 12 хъуыддагмæ, 8-æн дзы раттой разыйы дзуапп.

Абайты мыггаг цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц Абайты Хъамболаты хæстон хæрзиуджытæ. Дыууæ хæсты архайæг, фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран амондджын уыд, зæрондæй-иу йæ алыварс йæ кæстæртæ куы амбырд сты, уæд. Сæ хъæлдзæг худтмæ хъусгæйæ-иу дзы йæ мæстытæ айрох сты. Зын та сын куыд нæ уыд… 60 квадратон метрыл цардысты 9-æй. Хъамболатæн ног фатерыл бацин кæнын нал бантыст. Йæ кæстæрты та уырнгæ дæр нал кæны, сæ бабайæн цы æмбæлдис, уыцы фатер ма сæм æрхаудзæн, æви нæ, уый?!

Абайты Иринæ: «Дыууæ азы алыхуызон гæххæттытæ фембырд кодта. Фæлæ хицæуттæй иуы иу гæххæт хъæуы, иннæйы иннæ. Ракæ-бакæ нæ кодтой… Æмæ афтæмæй йæ фатермæ æнхъæлмæгæсгæйæ амарди».

Закъонмæ гæсгæ ветерантæн, кæнæ чи нал ис, уыдоны фæстæ чи баззад, уыдонæн æмбæлы субсидитæ 1 миллуан сомы. Лæвæрд сын хъуамæ æрцæуа 36 квадратон метры. Фæлæ лæвæрд цæудзысты æрмæстдæр уыцы фронтовиктæн æмæ идæдзтæн, йæ цæрæн уавæртæ æвзæр кæмæн сты, уыдонæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania