Æрмæст Ирыстонæй хæстмæ араст сты 90 мин хæстоны
Æстай дыууæ азы размæ фашистон Германи, хæст æнæ расидгæйæ, ныббырста Советон Цæдисмæ. Афтæ райдыдта Фыдыбæстæйы стыр хæст, æмæ ахаста 1418 боны. Æгъатыр хæст байста 27 милуан советон адæймаджы царды. Æрмæст Ирыстонæй хæстмæ араст сты 90 мин хæстоны. Уыдонæн се мбис фæстæмæ нал æрбаздæхтысты. Абон нæ бæстæйы милуангай цæрджытæ хъыг кæндзысты æмæ мысдзысты, хæсты быдыры æнусмæ чи баззад, нæ уыцы æмзæххонты. Æгас бæстæйы æруадзынц паддазхадон тырыссатæ, культурæйы куыстуæтты, радио æмæ телеуынады та нæ вæййы ирхæфсæн программæтæ. Хъæуты, горæтты ацæуынц саударæн митингтæ, хæстонты цыртдзæвæнтыл та сæвæрынц веноктæ æмæ дидинджытæ.
Адæм хохæй быдырмæ лыгъдысты царды хуыздæр уавæртæм бæлгæйæ. Цъамадæй рацыдысты Борæты Алыксандр æмæ Бекъойты Хадизæты бирæсывæллонджын бинонтæ дæр. Æрцардысты Хъарман-Сындзыхъæуы. Æнцон сын нæ уыд ног цард райдайын. Сывæллæттæ уыдысты æнæзивæг. Уымæ гæсгæ бинонтæ æмзондæй кодтой зæххы куыст..
Кæстæртæ зæрдæргъæвд уыдысты ахуырмæ, фæлæ сæ царды уавæртæ- хуыздæрхъуаг…Уыцы рæстæгмæ цоты хистæр Ибрагимыл цыд 16 азы. Бинонты хъизæмæрттæ уынгæйæ, йæ зæрды уыд уавæр фæхуыздæр кæнын. Чи зоны, цас фæхаста ацы хъуыды, лæппу йæхи мидæг,? фæлæ, сфæнд кодта, йæ азтæ нæмæ амыдтой, афтæмæй, Сырх фсады рæнхъытæм барвæндонæй бацæуын. Йæ фæнд сæххæст! Æрвыст æрцыд командыгæнджыты скъоламæ. Йæ бæрнон æмæ арæхстдзинад æнæбафипайгæ нæ баззад хицауадæй. Уымæй уæлдай йын йæ иттæг хорз ахуыры тыххæй фыстой æхцайы фæрæзтæ. Уыдон Ибрагим се ппæт дæр æрвыста хæдзармæ.
Афтæ райдыдта æвзонг лæппуйы æфсæддон фæндаг…Фæстæдæр каст фæци Новочеркаскы Кавалерион училищæ. Уæдмæ та æрбайхъуыст хæсты сау хабар æмæ взводы командыгæнæгæй Борæты Ибрагим æрвыст æрцыд тохы быдырмæ Хуссар-Ныгуылæйнаг фронмæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ та ротæйы командыгæнæджы хæдивæджы сгуыхтдзинæдтæ хъуыстой алы фронтты дæр. Бирæйæ уарзтой йæ хæстон æмбæлттæ. Знагимæ хæцгæ-хæцын иу æмæ дыууæ хатты не вдыста йе взыгъд æмæ хъабатырдзинад. Фæлæ йæхæдæг дæр 1944 азы баййæфтæ уæззау цæфтæ. Тынг хъыгдард баййæфтой сæр æмæ къахтæ ….
Йæ хæстон æмбæлттæ йæ бахæццæ кодтой госпитæльмæ…Уым фæци дзæвгар рæстæг. Бæргæ ма тындзыдта фæстæмæ тохы быдырмæ, фæлæ йын дохтыртæ бар нал радтой æмæ æрвыст æрцыд хæдзармæ..Снысан æй кодтой Хуссар-Ирыстойнаг облæсты æфсæддон къамисарæй, Дзауы районы. Уалæхизы хабар дæр йыл ам сæмбæлд. Ацы ран йæ хæстæ бæрнонæй æххæт кодта 1948 азы онг. Хæсты фæстæ Борæты Ибрагим бирæ азты фæкуыста ахуырады къабазы Алагиры..
Хъарман-Сындзыхъæуы уæды фæсивæд хорз бахъуыды кодтой уыцы бон. Зæгъгæ, дам Борæты Ибрагим сыздæхт тохы быдырæй. Цæсгомыл –хæстæфхæрд цæстæнгас. Йæ уæлæ хуызивд æфсæддон хæдон, галифе хæлаф, цырыхъхъытæ, хæстоны риуыл та цæхæртæ калдтой хæрзиуджытæ….
Йæ цардæй ахицæн 1970 азы Хъарман-Сындзыхъæуы.. Фæлæ йæ фæстæ цы рухс фæд ныууагъта Борæты Ибрагим , уый абон дæр ис йæ бинонты æмæ хæстæджыты æхсæн




