филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
24 февраля 2021, 13:12
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн мадзал арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты

Æрбахуыдтой йæм тыхы структурæты минæвæртты, 58-æм æфсады службæгæнджыты, университеты педагогты æмæ студентты.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн ма рæсугъд мадзал арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дæр. Æрбахуыдтой йæм тыхы структурæты минæвæртты, 58-æм æфсады службæгæнджыты, университеты педагогты æмæ студентты. Хуыздæр цæттæдзинад чи равдыста, уыдонæн ахуыргæнæндоны ректор Огъуаты Алан ракодта арфæйы ныхæстæ, радта сын кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æфсæддон ахуырадон центры курсанттæ бацæттæ кодтой зарæг. Уæвгæ ацы бонмæ сæхи рагацау цæттæ кодтой. Фæндыди сæ, цæмæй сæ алчидæр йæ хайад равдиса иттæг хорз.

Бæрæгбоны мадзæлттæ университеты райдыдтой минут æдзæмæй алæууыны фæстæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ æрымысынмæ æрбацыдысты тыхы структурæты минæвæрттæ, 58-æм æфсады службæгæнджытæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кусджытæ æмæ студенттæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг ахуыргæнæндонæй райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыд 600 адæймаджы. Уыдонæй сæдæйæ фылдæр сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты.  Се ппæты нæмттæ дæр æрымысыдысты ацы бон. Фæстæдæр студенттæ ацагътой Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ, стæй равдыстой се фсæддон цæттæдзинад. Уазджытæн та сарæзтой экскурси музеймæ.

Хуыздæр цæттæдзинад чи равдыста, уыдонæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан ракодта арфæйы ныхæстæ, радта сын кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Йæ зæрдæ сын загъта хорз æнтыстдзинæдтæ, цæмæй кæддæриддæр сæрбæрзондæй хæссой университеты рауагъдоны ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania