Афæдзы райдианæй сæм ацы фарстайы фæдыл хæстонтæй уыд 20 курдиаты бæрц
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» Фонды филиалы æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн куыст ссарыны хъуыддаджы. Афæдзы райдианæй сæм ацы фарстайы фæдыл хæстонтæй уыд 20 курдиаты бæрц. Ацы къабазы цавæр мадзæлттæ арæзт цæуы, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран кæд æмæ хæстон мундир училищæйы директоры пиджакæй раивта, уæддæр йæ хæстон ахуыртæ нæ уадзы. «Лæгдзинады уроктæ» æмæ сæрмагонд операцийы архайджытимæ фембæлдтытæ ныр сты ахуырадон процессы æнæмæнг хай. Хъаныхъуаты Сергейæн сæрмагонд училищæйы сæргъы æрлæууын уыд фæлварæнау, æмæ йæ æнтыстджынæй дæтты.
Фронтмæ Хъаныхъуаты Сергей бархионæй ацыд йæ кæстæр æфсымæры фæдыл. Афæдз æмæ *рдæг службæ кодта сгарæн-бырсæн отряд «Ветеранты». Службæйы уыд домаг, ахæм у училищæйы дæр. Уый ахсджиаг у, уæлдайдæр та фыдуаг сывæллæттимæ куысты. Хъаныхъуаты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, рæзгæ фæлтæры хъомылады цæмæй æнтыстдзинæдтæ къухы бафта, уый тыххæй сывæллæттимæ хъуамæ уа æууæнкджын ахастдзинæдтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветераны хъуыдыимæ разы сты Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрады. Алыбекты Эллæ куыд зæгъы, афтæмæй Сергей у стыр фæлтæрддзинадимæ æмæ бæстæйы раз сгуыхтдзинæдтимæ адæймаг. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн саккаг кодтой «Ирыстоны Сæраппонды» майдан.
Афæдзы райдианæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фондмæ уыд 20 курдиаты бæрц куыст ссарыны фæдыл, граждайнаг цардмæ раздахынмæ цæттæ чи у, уыцы хæстонтæй. Фонды разамонæджы хæдивæг Гецъаты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд операцийы ветерантæн куыстмæ бацæуынмæ баххуыс кæнын у организацийы сæйрагдæр хæстæй иу.
Зæгъæм, демобилизацигонд хæстонтæн куысты бынæттæ раттынмæ цæттæ сты доны куыстгæнæн республикон куыстуаты. Уый тыххæй баныхас кодтой сæрмагонд операцийы ветеранты ассоциацийы минæвæрттимæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.




