Филиал æнтыстджын æмгуыстад кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантимæ, æххуыс сын кæны реабилитацийы фарстаты
«Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» Фонды республикон хайадыл сæххæст 2 азы. Филиал æнтыстджын æмгуыстад кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантимæ, æххуыс сын кæны реабилитацийы фарстаты. Социалон координатортæ æххуыс кæнынц сæ бинонтæн дæр. Дыууæ азмæ республикон хайадмæ бацыд 8 мины 500 курдиаты, æмæ иу дæр æнæ рхъуыдыйæ нæ баззад. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Хуызистытæм кæсгæйæ, ивгъуыд мысын æмæ фидæнмæ нысантæ *вæрын. Социалон координатортæм *ххуысмæ чи *рбацæуы, уыцы адæмимæ свæййынц иу бинонты хуызæн. Цæргæстæн æххуыс кæнынц ныхæстæй нæ, – хъуыддагæй. Ивгъуыд аз Курскы облæсты фæмард Цæргæсты Эдуард – фырт, цардæмдал, бинонты цæджындз. Йе *фсæддон хæс æххæст кодта батальон «Сæрмæт»-ы. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын ын йæхи цардæй зынаргъдæр уыд. Зын рæстæджы бинонтæ банкъардтой координаторты *ххуыс.
Рахизфарсы районы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантыл æмæ сæ бинонтыл аудынц Фонды 2 кусæджы. Уыдон сæ цæст дарынц кæнынц 300 адæймагмæ, сæдæгай курдиаттæн раттынц дзуæппытæ. Дыккаг мæй социалон координаторæй кусы раздæры *фсæддон Цомартаты Зауырбег. Уый 2012 азы службæ кодта Цæцæны республикæйы Уæрæсейы гвардийы 96-æм полчы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайдта йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ. Йæ фæллад уадзыны рæстæг адæмæн æххуыс кæны Беслæны. Зауырбег зоны, раздæры æфсæддонтæ царды цавæр зындзинæдтимæ сæмбæлынц, уый, æмбары сын сæ мадæлты тыхст уавæр дæр.
Фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» цæгатирыстойнаг хайады 2 азы дæргъы æркастысты 8 мин курдиатмæ. Сæ цæст дарынц 4 мин адæймагмæ. Фонды руаджы бирæ фарстатæ æрцыдысты лыггонд. Сæйрагдæртæй иу – æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн куысты бынæттæ агурынæн.
Ныртæккæ фонды кусы 35 социалон координаторы. Се *хсæн ис хæстон цауты 3 ветераны. Уыдон иумæйагæй æххуыс кæнынц, сæм чи *рбацæуы, уыдонæн.
Хъæбатыртæн æххуыс кæнын хъæуы æрмæст хæсты нæ, фæлæ сабыр царды дæр. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды цæгатирыстойнаг хайады ахсджиагдзинад æмбæрстгонд у се *ппæтæн.
