Ерыстæ уыдзысты 15-æй 17-æм августмæ Стъараполы
«Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды цæгатирыстойнаг филиалы командæ цæттæ кæны æмном Кубокы финалмæ. Ерыстæ уыдзысты 15-æй 17-æм августмæ Стъараполы. Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, сæрмагонд æфсæддон операцийы уыцы ветеранты хсæн турниры архайдзысты бæстæйы 19 регионы минæвæрттæ. Ерыс кæндзысты цалдæр дисциплинæйы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Годжысаты Сослан фронтмæ бахауд 2022-æм азы февралы. «Талисман», ахæм у йæ фæсном, æфсæддон хæстæ æххæст кодта Запорожьейырдыгæй. Йе мбæлттимæ бацахста позицитæ хъæу Пятихаткийы. Уым патрульгæнгæйæ Сослан ныллæууыд минæйыл. Йæ иу къах фæсахъат, иннæ та тынг фæцæф. «Талисманæн» саккаг кодтой Лæгдзинады орден æмæ Жуковы майдан. Операцийы фæстæ тагъд йæхимæ æрцыд æмæ дарддæр спортæй архайдта.
Ныртæккæ Сослан цæттæ кæны ерысмæ «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок». Уыдзæн 15-æй 17-æм августмæ Стъараполы. «Талисман» ерыс кæндзæн 3 дисциплинæйы: спортивон æхст, стъолыл теннис æмæ армрестлингы. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ахсджиаг у, республикæйы кад æмбæлгæ æмвæзадæл бахъахъхъæнын.
Сосланимæ ма Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъдмæ бацæудзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы 9 архайæджы. Спортивон æхстæй дисциплинæйы ерысмæ цæттæ кæнынц республикон физикон-математикон лицейы тиры. Æххуыс сын кæны тренер Сергей Киселев. Уый йæхæдæг дæр у хæстон цауты ветеран.
Ерыс «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок»-ы архайдзысты, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, сæрмагонд æфсæддон операцийы ахæм 300 ветераны онг. Уыдон сты Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты 19 регионæй. Ерыстæ цæудзысты цалдæр дисциплинæмæ гæсгæ: æрдынæй æхст, армрестлинг, стъолыл теннис, спортивон æмæ электрон хæцæнгарзæй æхст, пауэрлифтинг æмæ паралимпаг волейбол.
Ахæм ерыстæ Стъараполы фыццаг хатт арæзт цæудзысты. Ацы къæпхæны уæлахиздзаутæ архайдзысты æппæтуæрæсеон ерысты.




