филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:07 воскресенье, 15 марта 2026
06 марта 2026, 10:33
Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты Фонды филиалы кад кодтой æцæг хъæбатырты мадæлтæн

Алы аз фонды хъæппæрисæй арæзт фæцæуы ахсджиаг фембæлд Уæрæсейы Хъæбатырты ныййарджытимæ

Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты Фонды филиалы кад кодтой æцæг хъæбатырты мадæлтæн. Ныр уый сси хорз традици. Алы аз фонды хъæппæрисæй арæзт фæцæуы ахсджиаг фембæлд Уæрæсейы Хъæбатырты ныййарджытимæ. Ацы хатт æрбахуыдтой Есенаты Тамарæйы, Таисия Даниловайы æмæ Датиты Натальяйы. Сылгоймæгты баиу кодтой сæ миддунейы æнкъарæнтæ æмæ ма æгæрон сæрыстырдзинад, ахæм фыртты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Дæнцæгæнхæссинаг кæстæртæ сæххæст кодтой сæ хæс Фыдыбæстæйы раз, сæрмагонд æфсæддон зонæйы. Фембæлд рауад хъæрмуд æмæ зæрдæхæлар. Сылгоймæгты номыл хъуыстысты арфæтæ æмæ зæрдæбын ныхæстæ. Алы ныййарæг дæр райста дидинджыты баст æмæ зæрдылдарæн лæвар. Фæлæ сæйрагдæр у уый, æмæ ацы мадæлтæ зонынц, сæ фыртты сын хъуыды кæнынц æмæ хæссынц дæнцæгæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania