Уый, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы
Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы номарæн фæйнæг байгом кодтой сæ рауагъдон Хортиты Давидæн. Уый, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Кадджын мадзалы архайдтой æфсæддонтæ, ветеранты организациты минæвæрттæ, педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ, стæй йæ хæстæджытæ. Портрет байгом кодтой Давиды хо æмæ æфсымæр. Скъолайы Хортиты Давид активонæй архайдта спорты. Уæлдæр ахуыргæнæндонмæ гæххæттытæ бадæттын ын нал бантыст, æмæ æрлæууыд гæрзифтонг тыхты рæнхъыты. 5 мæйы службæйы фæстæ та бафыста контракт. Хъыгагæн тохы быдыры фæмард 19 аздзыдæй. Баныгæдтой йæ 3-æм майы, йæ амæлæтæй афæдз æмæ рдæджы фæстæ. Ацы скъолайы ныридæгæн байгом кодтой 5 номарæн фæйнæджы йæ рауагъдонтæн. Се ппæт дæр сæ цард радтой, Уæрæсейы ног регионтæ уæгъд кæнгæйæ.




