Чысыл Хæтæлдонæй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты 200 адæймаджы онг
Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ уæззау фæд ныууагъта Ирыстоны алы горæт æмæ хъæуыл дæр. Чысыл Хæтæлдонæй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты 200 адæймаджы онг. Сæ фылдæр баззадысты хæсты быдырты. Уæдæ хъæуы цæрджытæ бавзæрстой немыцаг оккупацийы зындзинæдтæ дæр. Бæстонæй уыцы хабæрттыл Уæлахизы боны агъоммæ æрдзырдтой лæгдзинады урочы. Арæзт æрцыд историон клуб «Истоки»-йы хъæппæрисæй бынæттон культурæйы хæдзары. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хæствæллад салдат йæ бæхыл бадгæйæ фæлгæсы Хæтæлдоныл. Ацы цыртдзæвæн у хъæуы цæрджыты хъæбатрыдзинады символ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты 200 адæймаджы онг. Уыдонæн сæ фылдæр нал æрыздæхтысты сæхимæ. Сæ номыл 1988-æм азы байгом кодтой цыртдзæвæн. Абон монумент у бындуронæй базилинаг, саив кæнын хъæуы йæ алыварс территори дæр. Фæлæ ныр фæрæзтæ фаг кæны æрмæст рæстæгмæ мадзæлттæн.
Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыдоны *хсæн уыд Кцойты Петр дæр. Хæсты фыццаг бонтæй уыд Сырх Æфсады рæнхъыты. Снысан æй кодтой 50-æм каралерион дивизийы кавалерион полчы комиссарæй. Уый архайдта Смоленскы æмæ Мæскуыйы бын тохты. Цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй Петрæн саккаг кодтой Сырх Стъалыйы орден. Фæлæ йæ сæйраг сгуыхтдзинæдтæ нырма разæй уыдысты. Уыдоны тыххæй лæгдзинады урочы бæлвырд радзырдта историон клуб «Истоки»-йы разамонæг Лаура Касимова
1945-æм азы мартъийы Варшавæйы операцийы тыххæй Кцойты Петрæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Дарддæр полк йæ разамындæй архайдта Берлины операцийы. Уым уæззау цæф фæцис. Уæлахизы боны агъоммæ госпиталы ныфсхаст дæлбулкъоны цард аскъуыд. Йæ райгуырæн Хæтæлдоны цæрджытæ дзы сты сæрыстыр. Сæйраг уынг хæссы йæ ном. Ацы уынгыл ис бынæттон скъола дæр. Ахуыргæнæндонæн 2019-æм азы лæвæрд æрцыд хъæбатыры ном. Чысыл Хæтæлдон стыр аргъ бафыста Уæлахизæн, æмæ æрмæст хæсты быдырты нæ.
Ныртæккæ скъолайы цæуы бындурон цалцæг. Куы йæ байгом кæной, уæд æфсæддон намысы залы æнæмæнг æрæмбырд кæндзысты алы цæрæджы-хæсты хъæбатыры тыххæй æрмæджытæ.




