филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:29 суббота, 10 мая 2025
09 апреля 2025, 10:34
Фыдыбæстæйы Стыр Хæст Уæлахизы 80 азы кадæн нæ программæйы дзурæм хæсты хъæбатырты тыххæй

Къутæрты бинонтæй фронтмæ ацыд сæ 5 фырты

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн нæ программæйы дзурæм хæсты хъæбатырты тыххæй. Къутæрты бинонтæй фронтмæ ацыд сæ 5 фырты. Дыууæйæ – Темболат æмæ Хъæрæбег сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Сослан та йæхиуыл бавзæрста концлагеры хъизæмæрттæ æмæ немыцаг куыстуæтты æххуырсты зындзинæдтæ. Фæстæдæр ын бантыст уацарæй раирвæзын. Фистæгæй бахæццæ Австрийы онг. Уæлахизы фæстæ та йæ службæ адарддæр кодта Калининграды.

Рæстæгæй бургонд гæххæттыл нырма бæлвырд зынынц æппæт дамгъæтæ. Ацы фæсидæн гæххæт Къутæрты Татьянæйы фыд Сослæнбег райста 41-æм азы июлы. Уæд ыл 19 азы дæр нæма цыд. Æрыгон лæппу араст Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Куыд ветерантæй бирæтæ, афтæ уый дæр, хæсты тыххæй дзурын нæ уарзта. Фæлæ алцыдæр хъуыды кодта.

Уæззау бонтæ цыдысты иу иннæйы фæдыл. Афтæ кастис, цыма хæстæй ничиуал тæрсы, фæлæ æппæтæй карздæр рæстæг нырма разæй уыд. Йæ хæлæрттимæ Сослæнбег уацары бахауд æмæ æрвыст æрцыд Германимæ.

Бавзæрста концлагеры, уый фæстæ та немыцаг хæдзарадты уæззау куысты æппæт зындзинæдтæ. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асаст. Уырныдта йæ хæдзармæ кæй æрыздæхдзæн æнæнизæй, сæйрагдæр та – Уæлахизимæ. Куыддæр ын фадат фæцис, афтæ Къутæрты Сослæнбег уацарæй ралыгъд. Иунæгæй. Иннæтæ нæ бауæндыдысты.

Къутæрты бинонтæй фронтмæ ацыдысты æппæт 5 фырты дæр. Дыууæйæ – Темболат æмæ Сослæнбеджы фаззон, Хъæрæбег – Уæлахизмæ нæ фæцардысты. Се *ртæ *фсымæры сын сæ намыс цæрæнбонты хъахъхъæдтой.

Йæ фыды хуызистытæ æмæ гæххæттытæ Къутæрты Татьянæ хъахъхъæны æппæтæй зынаргъдæр хæзнайау. Æрмæст куыд хионы нæ, фæлæ куыд йæ цард Фыдыбæстæйы сæраппонд чи радта, уыдоны сгуыхтдзинады намыс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania