филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
17 мая 2023, 11:18
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг – Александр Варламов

Цæуы йыл 98 азы, æмæ уыцы мгъуыдмæ иу боныл дæр нæ фæсмон кæны

Фæсбайкалы фронт, Япойнаг хæст, æмæ Сырх Æфсады рæнхъыты службæ. Зын, фæлæ уыимæ цымыдисаг цардвæндаг рауад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Александр Варламовæн. Цæуы йыл 98 азы, æмæ уыцы мгъуыдмæ иу боныл дæр нæ фæсмон кæны. Йæхи нымайы амондджын адæймагыл. 50 азæй фылдæр фæцарди йæ цардæмбалимæ. Ныртæккæ та йæхæдæг зилы йæ хæдзармæ, арæх абалц кæны хæхтæм. Бæлвырддæр йæ царды тыххæй радзурдзæн Хæуытаты Зитæ.

Уæлахизы фæстæ æфсымæримæ фембæлд, æмæ æвæстиатæй цины цæссыгтæ æруадысты. Александр Варламовмæ фронтмæ фæсидтысты 1943-æм азы Читайы облæстæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны цардвæндаг рауад зын, фæлæ цымыдисаг. Уыцы бонтæ мысгæйæ, йæ зæрдыл бирæ цыдæртæ æрлæууы. Суанг ма зындгонд æфсæддон разамонæг Георгий Жуковимæ куыд фембæлд, уый дæр.

Стыр Уæлахизыл сæмбæлд Венæйы. Уæд Александр Варламов уыд Фæсбайкалы зылды къорды хыгъды, æмæ ацыд Япойнаг хæстмæ. Уый фæстæ та йе службæ адарддæр кодта Советон æфсады рæнхъыты. Инженер-аразæг Александр Варламов фæллой кодта Венгрийы, Латвийы, Ныгуылæн Сыбыры. Уым арæзта хидтæ. 

Йæ бинойнаг йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй фæстæмæ Александр цæры иунæгæй. Æмæ кæд зын у, уæддæр йæхицæн æххуысгæнджытæ нæ агуры. Мæхæдæг æппæт куыстытæ дæр хуыздæр бакæнын, – худгæйæ зæгъы хæствæллад хистæр. Æмæ æцæгæйдæр – йæ хæдзары у сыгъдæг æмæ райдзаст. Уæдæ хæринаг кæнынмæ дæр сæрæн. Суанг ма адджын гуылтæ дæр акæны.

Уымæй дарддæр ма Александр Варламов арæх ацæуы хохаг балцы. Уарзы давæттæ æмæ къозотæ æмбырд кæнын. Цыфæнды æрыгон адæймаджы дæр амбулдзæн ацы куысты. Бирæ азты кодта мыдгæсы куыст, фæлæ йын ныртæккæ ахæм фадат нæй.

Нæуæдз аст азы чысыл не сты. Фæлæ Александр Варламовæн йæ ныфс æмæ хъару нæ сæттынц. Йæхи ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ цæра йæхи, æмæ йæ хæстон æмбæлтты бæсты дæр. Афтæмæй ма дæнцæг хæссы Уæлахизы фæдонтæн. Ирдæй сын æвдисы – зæрдæйæ æмæ удæй сыгъдæг уæвын куыд ахсджиаг у, стæй цард æгæрон уарзтæй уарзын куыд хъæуы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania