филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
13 февраля 2020, 12:14
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Александра Левченкойæн æххуыс кæны Слестгæнæн Комитет

Ацæргæ адæймаг баззади уынджы

Нæ программæтæй иуы æрæджы дзырдтам Александра Левченкойы историйыл. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ йæ йæ дард хæстæджытæ асайдтой, æмæ йæ Дзæуджыхъæуы фатерæй рафыстой. Ацæргæ адæймаг баззади уынджы. Фæлæ зæрдæхæлар адæймаг, раздæры таксист Рамиз Алиев зæронд усы суазæг кодта, æмæ йæм кæсы йæхæдæг. Январы йын сбæрæг кодтой йæ гуырæнбон дæр, сылгоймагыл сæххæст 101 аз. Йæ цардвæндаг у зын. Александрæ куыд зæгъы, афтæмæй у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, блокадæйы ахст Ленинграды цæрæг. Фæлæ йæ статусы æвдисæндартæ иууылдæр, хъыгагæн, сæфт æрцыдысты. Сылгоймагмæ чи кæсы, уый курдиæттæ лæвæрдта алы куыстуæттæм, цæмæй йын йæ гæххæттытæ уæддæр сног кæной, уый тыххæй. Фæлæ нырма хъуыддаг йæ бынатæй нæ базмæлыд. Александра Левченкойыл бирæ видæоæрмæджытæ ист æрцыди. Йæ цардвæндаг цымыдисаг фæкасти федералон каналтæй иумæ дæр. Цæмæй йын йæ зындзинæдтæ йæхицæй фехъусой, уый тыххæй исæн къорд ссыди Архонкæмæ. Ныртæккæ ацæргæ сылгоймаг цæры уым. Эфиры фæстæ, Уæрæсейы Федерацийы слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин республикæйы слестгæнæн оргæнтæн радта хæс, цæмæй фарста равзарой, æмæ сылгоймагæн баххуыс кæной. Барадхъахъхъæнджытæ бабæрæг кодтой Александрайы, æмæ ныр куыст цæудзæн дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania