филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:56 воскресенье, 19 мая 2024
26 апреля 2022, 12:08
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы бонмæ æппæт Бæстæ дæр йæхи фæцæттæ кæны зæрдиагæй

Цæгат Ирыстоны дæр стыр аргъ кæнынц уыцы уæззау цауты архайджыты хъæбатæрдзинадæн

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы бонмæ æппæт Бæстæ дæр йæхи фæцæттæ кæны зæрдиагæй. Цæгат Ирыстоны дæр стыр аргъ кæнынц уыцы уæззау цауты архайджыты хъæбатæрдзинадæн. Ныртæккæ  цалцæггонд цæуынц æфсымæрон ингæнтæ, цæуынц 9-æм маймæ цæттæгæнæн куыстытæ. Æрæфы районы фарстамæ цы цæстæнгас ис, уый базыдта Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Цыколайы бацæуæны цы змæлд цæуы фæстаг бонты, уымæ зæрдæ рухс кæны. Амалхъом адæм, хъæуы æмæ районы хицауад иумæйагæй архайынц æрбацæуæны аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинадыл.

Æрмæст уынгтæ æмæ фæндæгты былгæрæттæ нæ рæвдз кæнынц, фæлæ зæрдиагæй архайд цæуы Уæлахизы бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Цыколайы æфсымæрон цыртдзæвæны историон ахадындзинад æмбаргæйæ йæм азты дæргъы каст цæуы.

Ам ахæм æмвæзады цалцæггæнæн куыстытæ рагæй дæр конд нал уыд. Ныр сæрмагонд Федералон программæмæ гæсгæ архайынц ын йæ уавæртæ йын фæхуыздæр æмæ райдзастдæр кæныныл

Цыколайы æфсымæрон цыртдзæвæны цалцæгæн дихгонд æрцыд 700 мин сомы.  Фæнд ын кæнынц йæ бацæуæнтæ фæуæрæхдæр кæнын, уыимæ та ма дзы фæзындзæн сæрмагонд фæз. Цæмæй дзы  мадзæлттæ аразынмæ хуыздæр гæнæнтæ уа, уымæй.  Уæвгæ Æрæфы районы хицауад цы зæрдиаг архайд кæны,  нæ абоны цардмæ фæндаг аразджыты нæмттæ ма ферох кæнынæн, уый у бафæзминаг.

Ныртæккæ Æрæфы районы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæй удæгас ничиуал у. Фæлæ сын сæ нæмттæ, стæй уыцы рæстæджы уæззау хъуыддæгтæ сæхиуыл чи бавзæрста , уыдонæй ма чи  ис хъæуты, уыдон та  æнæ цæстæнгас не сты, зæгъы Æрæфы районы ветеранты Советы сæрдар Бетрозты Майрæн. Йæ ныхæстæм  гæсгæ, сæ зæрдæ дарынц, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыдонмæ дæр æргом здæхт кæй  æрцæудзæн.

Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд 5 мин адæймагмæ хæстæг, се рдæг фæстæмæ нал сыздæхт. Алы хъæуы дæр сæ номыл ис цыртдзæвæн

Азтæ цæуынц, фæлтæртæ кæрæдзийы ивынц, æма цæмæй нæ фыдæлтæ цы стыр æвæрæн бахастой нæ рухс фидæнмæ, сæхи удтыл нæ хъуыды кæнгæйæ, уый хъуамæ рохгонд макуы уа.  Æрæфы районы фæсивæды æмæ хицауады минæвар Хъозиты Арсены хъуыдымæ гæсгæ уыцы рæстæгæн рох кæнæн нæй.

Уæвгæ Æрæфы районы фæсивæды патриотон хъомыладыл куыст бæрзонд æмвæзады у. Хистæр фæлтæр агурынц гæнæнтæ æмæ мадзæлттæ кæстæрты удтæм, фыдæлты сгуыхтдзинæттæ фæхæццæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania