филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 суббота, 28 сентября 2024
24 января 2022, 12:30
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Аркадий Савалуевыл сæххæст 95 азы

Фронты йæ фæндаг уыди зын, Мæздæгæй райдай æмæ суанг Берлины онг

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Аркадий Савалуевыл сæххæст 95 азы. Фронты йæ фæндаг уыди зын, Мæздæгæй райдай æмæ суанг Берлины онг. Архайдта бирæ хæстон операциты. Тох кодта 1-аг Белоруссаг фронты. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыди бирæ майдантæй æмæ ордентæй. Ветеранæн йæ юбилейы фæдыл арфæ ракодтой Мæздæджы районы разамынды æмæ æхсæнады минæвæрттæ, æфсæддон комиссарады æмæ æфсæддон хæйтты кусджытæ. Юбилярæн цалдæр композицийы азарыд æфсæддон оркестр. Арфæйы ныхæстæ йын загъта Мæздæджы районы администрацийы сæргълæууæг Олег Яровой дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania